Тыбылты Леонид загъта тӕфӕрфӕс Владимир Путинӕн трагедийы фӕдыл

© Sputnik / Алексей Никольский /  Ахизын медиабанкмæПрезиденто Республики Южная Осетия Л.Тибилов
Президенто Республики Южная Осетия Л.Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕлдӕфон науы бортыл уыдысты 84 пассажир ӕмӕ экипажы аст уӕнджы – ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ, Александровы номыл кафт ӕмӕ зарды ансамблы артисттӕ, уӕрӕсейаг дзыллон информацийы фӕрӕзты минӕвӕрттӕ.

ЦХИНВАЛ, 26 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид загъта тӕфӕрфӕсы ныхӕстӕ Уӕрӕсейы президент Владимир Путин ӕмӕ ӕппӕт Уӕрӕсейы Федерацийы адӕмӕн хуыцаубоны ӕрцӕугӕ авиакатастрофӕйы фӕдыл, фехъусын кодта президенты пресс-секретарь Гана Яновская.

"Стыр хъыгимӕ Хуссар Ирыстоны сӕмбӕлдысты уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгтимӕ Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрады хӕдтӕхӕджы ӕрхаудыл горӕт Сочимӕ ӕввахс ӕмӕ сӕ трагикон амӕлӕты уӕззау хабарыл", — загъта Тыбылты Леонид.

Тӕфӕрфӕсы ныхӕстӕ ма фӕмардуӕвджыты хиуӕттӕ ӕмӕ хӕстӕджытӕн бӕстӕйы сӕргълӕууӕг загъта УФ-йы минӕвар Хуссар Ирыстоны Къарджиаты Эльбрусимӕ сӕрмагонд фембӕлды рӕстӕджы.

"Республикӕ Хуссар Ирыстоны цӕрджыты, къухдариуӕгад ӕмӕ сӕрмагондӕй мӕхи номӕй тӕфӕрфӕс кӕнын Дӕуӕн, фӕмардуӕвджыты хиуӕттӕ ӕмӕ хӕстӕджытӕн ӕмӕ ӕппӕт Уӕрӕсейы адӕмӕн ацы ӕбуалгъ трагедийы фӕдыл", — загъта президент.

Ног хабӕртты лентӕ
0