Ног азы фӕтк хъахъхъӕндзысты Хуссар Иры милицийы 600 кусӕджы

© Sputnik / Алексей КовалевМинистерство внутренних дел мвд
Министерство внутренних дел мвд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ногазон бӕрӕгбӕтты рӕстӕгмӕ МХМ-ы хисӕрмагонд сконд рахиздзӕн службӕ хӕссыны фӕтыхджындӕргонд режиммӕ.

ЦХИНВАЛ, 28 дек — Sputnik. Хуссар Иры МХМ-ы кусджытӕ ногазон бӕрӕгбӕтты рӕстӕгмӕ рахиздзысты службӕ хӕссыны фӕтыхджындӕргонд режиммӕ. Ӕхсӕнадон уагӕвӕрдмӕ сӕ хъус дардзысты уагдоны 600 кусӕджы, фехъусын кодтой МХМ-ы пресс-службӕйы.

Хуссар Ирыстоны ныридӕгӕн цӕуынц ногазон мадзӕлттӕ. Сӕ фылдӕр хай ацӕудзысты 31 декабры ӕхсӕв ӕмӕ 2017 азы фыццаг бонты. МХМ-ы уагъд ӕрцыд ӕмбырд, цы ран ӕрныхас кодтой ногазон бӕрӕгбӕтты рӕстӕгмӕ ӕдасдзинад сифтонг кӕнын фарстытыл.

"Ногазон бӕрӕгбӕтты рӕстӕгмӕ МХМ-ы хисӕрмагонд сконд рахиздзӕн службӕ хӕссыны фӕтыхджындӕргонд режиммӕ. Ӕхсӕнадон фӕтк хъахъхъӕндзысты милицийы уӕлӕмхас посттӕ ӕмӕ къордтӕ, ӕдӕппӕт 600 кусӕджы. Дзыллон мадзӕлттӕм ӕмбӕстӕгты уаддзысты контролон-уадзӕн пункттыл ӕфсӕндетектортӕй сгарыны фӕстӕ", — загътой уагдоны.

МХМ развӕлгъау бакуыста организацион-профилактикон мадзӕлтты нывӕзтыл.

Повседневная жизнь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры скъоладзаутӕ баулӕфдзысты 15 боны

Ӕхсӕнведомствӕйон хъахъхъӕнынады кусджытӕ хӕссынц службӕ хъахъхъӕдцӕуӕг объектты, ОМОНы инженерон-техникон хайад та мадзӕлттӕ уадзыны бынӕтты.

Нывӕзтмӕ гӕсгӕ уагъд цӕуы профилактикон куыст, цӕй фӕлгӕтты фадыгон ӕххӕстбарджынтӕ уадзынц рейдтӕ ӕмӕ фӕдзӕхсынц амалиуӕггӕнджыты пиротехникон дзауматӕ уӕй кӕныны фӕдыл административон ивары тыххӕй. Ахуырадон уагдӕтты ахуыргӕнинӕгтӕн амонынц пиротехникон дзауматимӕ куыд хъӕуы архайын ӕмӕ кӕй у тӕссаг уыдонӕй пайда кӕнын ӕхсӕнадон бынӕтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0