ЦХИНВАЛ, 28 дек — Sputnik. Кремлы наз бӕласмӕ цы хуссарирыстойнаг скъоладзаутӕ афӕндараст сты, уыдон ӕртыццӕджы фӕуазӕг сты хуссарирыстойнаг минӕварадмӕ уӕрӕсейаг столицӕйы, хъусын кӕны дипломатон минӕварады пресс-службӕ.
Минӕварады кусджытӕ раарфӕ кодой скъолаты ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмӕ семӕ ахуырады министрадӕй чи уыд, уыдонӕн ӕрбалӕугӕ Ног азы цытӕн.
"Хъарм хӕларадон фембӕлды рӕстӕджы Уӕрӕсейы столицӕйы ӕрыгон уазджытӕн баконд ӕрцыдысты ногазон лӕвӕрттӕ ӕмӕ сын загъдӕуыд бирӕ хӕрзиуджытӕ Ног азы", — дзырдӕуы хъусинаджы.
Ахуырады министрады минӕвӕрттӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ загътой бузныг Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгадӕн Мӕскуымӕ балцы бӕрзонд организацион ӕмвӕзады тыххӕй, кӕцы ссис диссаджы ногазон лӕвар йӕ хайадисджытӕй алкӕмӕн дӕр.
Кремлы наз бӕласмӕ ацыдысты республикӕйы районты скъоладзаутӕ, кӕцытӕ равдыстой хорз бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕ ахуыры, афтӕ ма сывӕллӕттӕ ӕххуысхъуаг бинонтӕй.