Хуссар Иры хицӕуттӕ феддӕдуар кодтой гуырдзиаг арӕнсӕттӕджы

© Sputnik / Михаил ХасиевПограничники на югоосетино-грузинской границе.
Пограничники на югоосетино-грузинской границе. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арӕнсӕттӕджы ӕрцахстой дыццӕджы Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Громы хъӕумӕ ӕввахс.

ЦХИНВАЛ, 28 дек — Sputnik. Хуссар Иры хицӕуттӕ дыццӕджы феддӕдуар кодтой республикӕйы паддзахадон арӕн халӕджы Гуырдзыстонӕй, фехъусын кодтой дыццӕджы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕйы.

Граница между Грузией и Южной Осетией - Sputnik Хуссар Ирыстон
Арӕнхъахъхъӕнджытӕ Хуссар Ирыстоны ӕрцахстой Гуырдзыстоны ӕмбӕстаджы

Уагдоны зонӕнтӕм гӕсгӕ, ацы аз Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуыырдзыстон ӕхсӕн арӕны режим фелалыны тыххӕй ахст ӕрцыдысты 549 адӕймаджы, уыдонӕй сӕдӕйӕ фылдӕр уыдысты Гуырдзыстоны ӕмбӕстӕгтӕ.

"Оперативон-агурӕн мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы 27 декабры Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны арӕныл Цхинвалы районы Громы хъӕуы цур паддзахадон арӕны режим фехалыны тыххӕй ахст ӕрцыд Гуырдзыстоны ӕмбӕстаг. Фӕткхалӕг разынд Гуры районы Диди Меджврисхевийы хъӕуы цӕрӕг 31-аздзыд Михеил Бибилашвили", — загътой ПӔК-ы.

Цхинвалы районы тӕрхондоны скъуыддзагмӕ гӕсгӕ, фӕткхалӕгыл ӕвӕрд ӕрцыд административон бӕрн ивары хуызы ӕмӕ йӕ бафидыны фӕстӕ уый феддӕдуар кодтой Гуырдзыстонмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0