ЦХИНВАЛ, 30 дек — Sputnik. Цхинвалы Театралон фæзуаты байгом сæйраг наз бæлас. Митын Дада, Митын чызг, рувас, бирæгъ, къулбадæг ус æмæ æрбалæугæ азы фысым — уасæг сывӕллӕттӕн сарӕзтой ӕцӕг ногазон аргъау.
Театралон фæзуаты-иу ныр фондз азы дæргъы æрфысым аразгæ наз бæлас, ацы аз æй раивтой удæгас бæласæй. Ног азы сӕйраг атрибут æрластой Дзауы комæй.


"Ног аз алыхатт дæр йемæ хæссы хорздзинад æмæ фарн æмæ та нæ ацы аз дæр ма рацух кæнæд. Сæвæрдтой уын рæсугъд наз бæлас, фæстæдæр ма уæм æнхъæлмæ кæсы президентон наз бæлас дӕр. Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй æрбалæугæ азы уæ ныййарджыты æмæ ахуыргæнджыты зæрдтæ райой уæ хорз уагахаст æмæ иттæг хорз нысæнттæй", — загъта президент сабитӕн.
Мадзал адарддæр ис хъæлдзæг зарджытæй. Сæйраг наз бæласы алыварс сабитæ æмæ аргъуæтты хъайтартæ иумæ, чи куыд арæхст, афтæ азарыдысты ӕмӕ æркафыдысты "симд".