МХМ: ногазон улӕфтытӕ Хуссар Иры ацыдысты ӕнӕ ӕвирхъау цаутӕй

© Sputnik / Алексей КовалевЕлка
Елка - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ногазон бӕрӕгбӕттӕ Хуссар Иры ацыдысты ӕнӕ ӕвирхъау цаутӕ ӕмӕ фыдракӕндтӕй.

ЦХИНВАЛ, 9 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ногазон ӕмӕ Цыппурсы бӕрӕгбӕтты рӕстӕджы иу фыдракӕнд дӕр не ′рцыд нысан. Афтӕ ма ацы бонты республикӕйы цӕрджытӕ дӕр нӕ фехӕлдтой ӕхсӕнадон уагӕвӕрд, фехъусын кодтой Sputnik РХИ МХМ-ы.

"31 декабрӕй нӕм абоны онг иу фыдракӕнд дӕр не рцыд арӕзт", — загътой МХМ-ы.

Ног азы агъоммӕ уагдон ракондӕуыд службӕ хӕссыны фӕтыхджындӕргонд режиммӕ. Ӕхсӕнадон уагӕвӕрдмӕ сӕ хъус дардтой уагдоны 600 кусӕджы.

Ӕнӕ цаутӕй ма ацыд уӕлвӕткон уавӕрты министрады куыст дӕр.

"Хуссар Ирыстоны цӕрджыты ӕмӕ уазджыты нӕ бахъуыд УУМ-ы ӕххуысы сӕр. Ног азы ӕмӕ уый фӕстӕ бӕрӕгбонон бонты махмӕ ницы хъусинӕгтӕ рбацыд", — загътой уагдоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0