ЦХИНВАЛ, 10 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад йӕ хъус дары гриппимӕ уавӕрмӕ ӕмӕ исы профилактикӕйы фӕдыл мадзӕлттӕ, — загъта министрады сӕргълӕууӕг Григорий Кулиджанов, фарстыл къуырисӕры уынаффӕ кодтой республикӕйы хицауады.
Кӕд ӕмӕ декабры грипп ӕмӕ карз респираторон-вирусон низтӕй (ОРВИ) фӕрынчыны гӕрӕн уыд фӕуӕлдӕргонд, уӕддӕр Хуссар Ирыстоны паддзахадон уагдӕтты Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад нӕ бакодта карантин. Министр банысан кодта, республикӕйы медицинон уагдӕттӕ кӕй райстой амындтӕ профилактикӕ ауадзыны тыххӕй.
"Профилактикон мадзӕлттӕй сифтонг кӕнын фӕдыл барамындтӕ арвыстӕуыд республикӕйы медицинон уагдӕттӕм, кӕцытӕ куыстой бӕрӕгбонты рӕстӕджы. Мах нӕ хъус дарӕм уавӕрмӕ ӕмӕ ӕмбырд кӕнӕм статистикон бӕрӕггӕнӕнтӕ. Кӕд ӕмӕ грипп ӕмӕ ОРВИ-йӕ фӕрынчыны процент фӕфылдӕр уа, уӕд райсдзыстӕм ӕмбӕлон мадзӕлттӕ. Медицинон уагдӕттӕ ӕмӕ афтеччытӕ абоны бонмӕ ифтонг сты ӕнӕмӕнгхъӕуӕг хостӕй", — загъта Кулиджанов.
Хицауады сӕрдары фыццаг хӕдивӕг Тъехты Алан аздӕхта министры хъусдард Хуссар Ирыстоны районты фельдшерон-акушерон пунктты куысты мониторинг уадзыны ӕнӕмӕнгхъӕуындзынадмӕ. Уый ма фехъусын кодта, кӕй хъӕуы райсын ӕппӕт мадзӕлттӕ дӕр, цӕмӕй гриппӕй фӕрынчыны уавӕр ма райса эпидемикон масштаб.