Дзӕуджыхъӕуы ӕрхауд уӕзисӕн кран, ис зианбаййафӕг

© Sputnik / Кирилл Каллиников /  Ахизын медиабанкмæПодъемный кран
Подъемный кран - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕзисӕн кран ӕрхауд Цӕгат Иры столицӕйы, Весенняя ӕмӕ инӕлар Дзусайы фырты уынгты тигъыл.

ЦХИНВАЛ, 10 янв — Sputnik. Иу адӕймаг баййӕфта зиан Дзӕуджыхъӕуы уӕзисӕн краны ӕрхауды фӕстиуӕгӕн, хъусын кӕны РИА Новости Цӕгат Ирыстоны УУМ-ы Сӕйраг управленийы информаци.

"Уӕзисӕн кран ӕрхауд Дзӕуджыхъӕуы, Весенняя ӕмӕ инӕлар Дзусайы фырты уынгты тигъыл. Бӕлвырд информацимӕ гӕсгӕ, иу сылгоймаг баййӕфта зиан", — загъта агентады дзырдӕмбал.

Уӕзисӕн краны ӕрхауды тыххӕй хъусинаг бацыд Цӕгат Ирыстоны УУМ-ы Сӕйраг управленийы кризисон уавӕрты центры оперативон радгӕсоны пультмӕ 11:20 сахатыл, дзырдӕуы ведомствӕйы сайтыл.

Бынаты кусынц УУМ-ы ирвӕзынгӕнджытӕ ӕмӕ психологтӕ, банысан кодтой уагдоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0