Фыдызгъӕлы завод скусдзӕн марты

© Sputnik / Наталья БосиковаТибилов и Ванеев
Тибилов и Ванеев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыдызгъӕлы заводы цур уыдзӕн йӕхи ӕргӕвдӕн, амы уадзгӕ продукци та ифтонг кӕндзӕн Хуссар Ирыстон ӕнӕхъӕнӕй.

ЦХИНВАЛ, 10 янв — Sputnik, Босыкты Наталья. Фыдызгъӕлы завод Хуссар Ирыстоны райдайдзӕн йӕ куыст ацы аз марты, загъта уӕрӕсейаг бизнесмен Уанеты Вадим республикӕйы президент Тыбылты Леонидимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

Фыдызгъӕлы завод компани "Евродон" аразы Цхинвалы цӕгатгӕрон ӕмӕ дзы уагъд цӕудзӕн дӕс хуызы онг фыдызгъӕлы продукци.

"Ӕввахс ӕртӕ къуыри заводмӕ ӕрбаласдзысты ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ифтонггарз. Уый скусдзӕн мартмӕ ӕввахс", — загъта Уанеты Вадим.

Тыбылты Леонид загъта бузныг амалиуӕггӕнӕгӕн, Хуссар Ирыстонӕн цы куыст бакодта, уый тыххӕй ӕмӕ йӕ схорзӕхджын кодта Хӕлардзинады орден ӕмӕ "РХИ 25 азы сӕххӕсты" майданӕй.

© Sputnik / Наталья БосиковаПрезидентӕн ауагътой чысыл эксурси
Ванеев проводит экскурсию по строящемуся заводу президенту Тибилову - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президентӕн ауагътой чысыл эксурси

Фембӕлды фӕстӕ президентӕн ауагътой чысыл эксурси заводыл. Уанеты Вадим радзырдта, фыццаг хомаг кӕй ӕрбаласдзысты Уӕрӕсейы Федерацийӕ, фӕстӕдӕр та заводы фӕзындзӕн йӕхи ӕргӕвдӕн. Рауадзгӕ продукци сифтонг кӕндзӕн Хуссар Ирыстоны мидӕггагон базарад ӕмӕ 40 кусӕгон бынат, кӕцытӕ иу сменӕмӕ рӕвдз кӕндзысты дыууӕ тоннӕйӕ фылдӕр продукци.

Уанеты Вадим - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уанеты Вадим: ног завод сифтонг кæндзæн Хуссар Иры фыдызгъæлы продукцийæ 50% бæрц

Фӕлӕ амалиуӕггӕнӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, иууыл стырдӕр проблемӕ суыдзӕн ветеринарон дохтырты хъуагдзинад, кӕцытӕ бахъӕудзысты ӕргӕвдӕны. Проблемӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн, Уанеты Вадимы ныхӕстӕм гӕсгӕ, бахъӕудзӕн сахуыр кӕнын ног кадрты. Персоналы иу хай уал ныридӕгӕн рацыд практикӕ Уанейы фырты заводтӕй иуы ӕмӕ цӕттӕ у куыстмӕ ӕрӕвналын банысангонд рӕстӕг.

Проект сæххæст кæныны хæрдзтæ слæудзысты 156 милуан сомы.

2015-2017 æзты Хуссар Иры экономикæйы райрæзты нысанæн Уæрæсейы бюджетæй хицæн æрцыд иу миллиард сомы, алы азӕн дӕр фӕйнӕ 300 милуаны бæрц.

Бизнес проекттæ æвзæрст цæуынц экономикон райрæзты министрады, уый фæстæ сæ лæмбынæг сахуыр кæнынц Мæскуыйы Инвестицион агентады, кæцы архайы инвесторты хъусдард раздахын æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы экономикæ райрæзтæн баххуыс кæнын. Амалиуæггæнæг бахæссы проекты аргъы 10%, фæрæзты 90% та Инвестагентады æххуысæй раттынц банктæ.

"Евродон" у егъау маргъдарæн агрокомплекс, кæцы азы мидæг уадзы 47 тоннæйы гогызы фыд æмæ 24 тоннæйы бабызы фыд.

Ног хабӕртты лентӕ
0