Ленингоры районы цӕрӕгмӕ ссардтой ӕрдӕг кило гӕн

© Пресс-служба КГБМарихуана
Марихуана - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Егъау парти гӕн ссардтой Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы цӕрӕгмӕ, кӕцы дардта ӕвӕрдӕй наркотик ӕртӕлитрон банкӕты.

ЦХИНВАЛ, 13 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон ӕдасдзинады комитеты кусджытӕ ссардтой Ленингоры районы цӕрӕджы хӕдзары егъау парти гӕн, загътой Sputnik уагдоны пресс-службӕйы.

"Наркотикон буарӕдты ӕнӕзаконон зилдухы ныхмӕ оперативон-агурӕн мадзӕлтты реализацийы рӕстӕджы ПӔК-ы кусджытӕ ссардтой Ленингоры районы хъӕутӕй иуы цӕрӕг Гунашвили Николоз Амираны фырты хӕдзары 500 г гӕн", — загътой пресс-службӕйы.

Гунашвилийы ӕрцахстой, йӕ ныхмӕ баконд ӕрцыд уголовон хъуыддаг наркотиктӕ ӕназакъононӕй химӕ дарыны статьямӕ гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0