ЦХИНВАЛ, 16 янв — Sputnik, Плиты Фатимæ. Æхсæрдæсаздзыд Дыгъуызты Милена у иунæг чызг Хуссар Ирыстоны, кæцы архайы сылгоймагӕн ӕнахуыр спорты хуызы — армспорты. Æрыгон чызг бафсæрста ацы секцимӕ иу азы размæ. Йæ фыццаг ерысты бацахста дыккаг бынат, фӕлӕ уымæй фæстæмæ басæттын никæмæн уал бакуымдта. Æрӕджы Милена йæ уæзы категорийы Ирыстоны разынд иууыл тыхджындæр, ныр та йæхи цæттæ кæны Уæрæсейы чемпионатмæ.
Чызг æрмспортмæ тынг æвзыгъд кæй у, уый бамбæрста, йе ‘мкар лæппуты-иу æнцонтæй куы рамбылдта, уый фæстæ.
"Ме ‘мкъласаг лæппутимæ-иу рахæцыдтæн "скандербегӕй" æмæ-иу сæ рамбылдтон. Уый фæстæ мӕ скъола-интернаты мæ ахуыргæнæг сразæнгард кодта скъолайон ерыстæм. Уым мӕ къухы бафтыд ӕнтыст ӕмӕ бацыдтæн цæттæ кæнынмæ мӕ фыццаг тренер Коцты Димамæ. Ныридæгæн кусӕм спортивон скъолайы, уæззау атлетикæйы хатæны иу къуымы тренертӕ Уалыты Руслан æмæ Джиоты Валентинимæ", — радзырдта Милена.
Милена спорты архайы нырма æрмæстдæр иу аз æмæ иу мæйы, фæлæ, цыбыр æмгъуыдмæ æнӕкæсгæйæ, цыппар хатты архайдта чемпионатты æмæ дзы ӕртӕйы ссис уæлахиздзау.
"Фыццаг хатт куы архайдтон ерысты Цæгат Ирыстоны, уæд æрмæстдæр иу мæйы цæттæ кодтон мӕхи. Дыууæ ныхмæлæуд мын уыд фæд-фæдыл æмæ мæ къух фæрыст, стæй ерысты рæстæджы дæр мӕхинымæр фæтыхсын æмæ мыл уый мæгуырау бандæвта", — дзуры ӕвзонг чызг.
Уый фӕстӕ Милена фӕуӕлахиз Цæгат Ирыстоны фыццагады ӕмӕ бацыд бӕстӕйы æмбырдгонд командæйы скондмæ. Уый адыл спортсменкӕйӕн фадат ис февралы Уæрæсейы чемпионаты йӕ тыхтӕ бавзарын. Фæлæ стыр спорты æнтыстыты фæндтæ цъæмæл кæнынц къуындæг финансон фæрæзтæ.
"Уæрæсейы чемпионаты агъоммæ мæ хъæуы Дзæуджыхъæуы мæхи бацæттæ кæнын, фæлæ нырма фæрæзтæ не ʻссардтон. Стæй ам дæр мæ секцимæ арæх ныффæстиат кæнын. Тренировкæтæ цæуынц изæры 7-9 сахатыл, мæнæн та уыцафон Тъбетæй æрцæуын фæзын вæййы. Уымæ гæсгæ ме ʻнтыстытæ нырма баст сты физикон тыхимæ, фæлæ дунейон æмвæзадмӕ рахизынӕн та хъæуы цæттæдзинад", — банысан кодта Милена.
Ӕрдзæй тыхæй лæваргонд чызг, зындзинӕдтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, йæхицæн сывӕрдта фидар нысан — дунейы чемпион суæвын.
"Сфæнд кодтон дунейы уæлахиздзау суæвын ӕмӕ кæд армспорт бахæссой олимпиаг дисциплинӕтæм, уæд та уым дæр рамбулын", — балхынцъ кодта уый.
Спортивон карьерӕйӕ дарддӕр ма Миленайӕн ис иу бӕллиц — йӕхи медицинӕйы къабазы бафӕлварын. Скъолайы фӕстӕ чызг фӕнд кӕны медицинон академимӕ бацӕуын ӕмӕ республикӕйы зындгон дохтыр суӕвын.