ЦХИНВАЛ, 18 янв — Sputnik. Цӕгат Иры МХМ-ы къухдариуӕгад райдыдта басгӕрст ведомстӕйы Дзӕуджыхъӕуы раздӕры мэр Дзантиаты Сергейы алыгъды фӕстӕ, фехъусын кодта РИА Новости уагдоны минӕвар.
Раздӕр мыхуыры органтӕ фехъусын кодтой, Дзӕуджыхъӕуы экс-мэр кӕй у аххосджын бирӕмилуанон махинациты зӕххимӕ ӕмӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы 10 азы онг ахӕсты баконд хуыснӕгдзинады фӕдыл. Фӕлӕ, дзыллон информацийы зонӕнтӕм гӕсгӕ, Дзантиаты Сергейӕн бантыст алидзын, уый лӕвӕрд ӕрцыд агуырдмӕ, фӕстӕдӕр рабӕрӕг, алидзынӕн йын кӕй баххуыс кодта "йӕхи" адӕймаг барадхъахъхъӕнӕг органты.
"Цӕгат Иры МХМ-ы къухдариуӕгад снысан кодта службӕйон басгӕрст, кӕцы уадзынц хисӕрмагонд ӕдасдзинады дӕлхайады кусджытӕ", — банысан кодтой полицийы.