Sputnik Хуссар Ирыстоны социалон хызӕгтӕ ссисты лидертӕ рафысджыты нымӕцмӕ гӕсгӕ

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæСоциальная сеть "Фейсбук"
Социальная сеть Фейсбук - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд азы фӕстаг мӕй Sputnik Хуссар Ирыстоны социалон хызӕгтӕ рафысджыты иумӕйаг нымӕцмӕ гӕсгӕ фӕстейӕ фӕуагътой бынӕттон медиабазарады лидерты.

ЦХИНВАЛ, 19 янв, Sputnik пресс-службӕ. Информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik Хуссар Ирыстоны аккаунттӕ социалон хызӕгты ссисты 2016 азы декабры хатдзӕгтӕм гӕсгӕ иууыл популярондӕр рафысджыты иумӕйаг нымӕцмӕ гӕсгӕ. МИА "Россия сегодня" цы сбарстытӕ ауагъта, уым истой хайад агентады официалон каналтӕ социалон хызӕгты Facebook, Instagram, ВКонтакте ӕмӕ Одноклассники. Ивгъуыд азы фӕстаг мӕй Sputnik Хуссар Ирыстоны социалон хызӕгтӕ рафысджыты иумӕйаг нымӕцмӕ гӕсгӕ фӕстейӕ фӕуагътой бынӕттон медиабазарады ахӕм лидерты, куыд информацион агентад "ОСинформ", газет "Южная осетия" ӕмӕ Осрадио-йы интернет-ресурстӕ.

Арина Габараева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik-ы ӕххуысӕй цхинвайлаг чызг хайад райсдзӕн НТВ-шоу "Ты – супер!"-ы

Sputnik Хуссар Ирыстоны къухдариуӕггӕнӕг Нарек Ордяны ныхӕстӕм гӕсгӕ, агентад ма бацахста фыццаг бынат социалон хызӕгты рафысджыты нымӕцмӕ гӕсгӕ дӕр.

"Социалон хызӕгты рафысджыты нымӕцмӕ гӕсгӕ Sputnik Хуссар Ирыстоны фыццаг бынат у ноджы иу бӕрзӕнд, кӕцы мах басастам ӕмӕ уый тыххӕй мах стӕм бузныг нӕ кӕсджытӕн. Sputnik йӕ аудиторийы размӕ хӕссы дунейон ӕмӕ бынӕттон политикӕ, экономикӕ, ӕхсӕнад, культурӕ ӕмӕ спорты хабӕрттӕ. Нӕ кӕсджытӕм дарддӕр дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы ноджы фылдӕр цымыдисон информаци", — загъта Ордян.

Sputnik Хуссар Ирыстон райдыта йæ куыст 2015 азы. Йе сконды ис информацион портал ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, радиоресурс æмæ мультимедион пресс-центр.

Ног хабæртты портал Sputnik Хуссар Ирыстон ис фыццаг бынатыл бæстæйы интернет ресурсты хсæн.
Sputnik (sputniknews.com) — ног хабӕртты агентад ӕмӕ радио мультимедион информацион хабтимӕ дӕсгай бӕстӕты. Sputnik-ы сконды сты 30 сайттӕй фылдӕр, аналогон ӕмӕ цифрон радиофидиуӕн, мобилон ӕмхасӕнтимӕ ӕмӕ социалон хызӕгты фӕрстимӕ. Рафысджытӕн ног хабӕртты лентӕтӕ ӕнӕхъӕн суткӕйы дӕргъы цӕуынц англисаг, арабаг, испайнаг ӕмӕ китайаг ӕвзӕгтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0