Доныскъӕфӕнты бӕрӕгбоны Цӕгат Ирыстоны Куырттаты комы Алайнаг Фырсыгъдӕг Фынӕты нӕлгоймӕгты моладзандон у иууыл уарзондӕр бынат чырыстон бӕлццӕтты ӕхсӕн.
Традицимӕ гӕсгӕ, ардӕм ӕрӕмбырд вӕййынц мингай рӕстдинонтӕ, цӕмӕй сӕхи ныннайой Фиагдоны ихын дӕтты. Бирӕтӕ бӕрӕгбонмӕ сӕрмагондӕй ӕрцӕуынц ӕндӕр регионтӕй.
Рӕстдинонтӕ дзурынц, ам, Уӕрӕсейы иууыл уӕлхохдӕр моладзандоны кӕй вӕййы уӕлдай бӕрӕгбонон уавӕр. Моладзандоны йӕ сырӕзты бонӕй фӕстӕмӕ ис йӕхи традицитӕ Доныскъӕфӕнты бӕрӕгбон нысан кӕныны рӕстӕджы. Афтӕ, доныл аргъуыды цин ӕххӕст куы ӕрцӕуы, уӕд моладзандон ӕмӕ цӕугӕдоны сӕрмӕ арв ныррухс вӕййы фейерверкӕй, уый у бӕрӕгбонон лӕвар чырыстон бӕлццӕттӕн.
Доны аныгъуылыны фӕстӕ, цӕмӕй адӕм сӕхи схъарм кӕной, уый тыххӕй Фиагдоны былгӕрон моладзандоны цӕрджытӕ саразынц стыр арт. Афтӕ ма, традицимӕ гӕсгӕ, чырыстон бӕлццӕттыл айуарынц хъармгӕнӕн нозт, кӕцы аразынц аз иу хатт, моладзандоны сӕрмагонд рецептмӕ гӕсгӕ.