Цӕгат Иры бюджетон организациты кусджытӕн бафиддзысты мызд дыууӕ бонмӕ

© Sputnik / Александр Кряжев /  Ахизын медиабанкмæВыплата зарплаты
Выплата зарплаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бюджетон организациты кусджытӕн сӕ куыстмыздтӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты бюджетон кредиты хуызы, кӕцы республикӕ райста 13 январы 650 млн сомы бӕрц.

ЦХИНВАЛ, 19 янв — Sputnik, Болататы Алина. Цӕгат Ирыстоны бюджетон къабазы кусджытӕн ивгъуыд декабры мызд бафиддзысты дыууӕ боны ӕмгъуыдмӕ. Уый тыххӕй журналисттӕн фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны федералон къазнадоны управленийы разамонæджы хæдивæг Галазты Владимир.

Галазы фырт куыд радзырдта, афтӕмӕй куыстмыздты фӕстиаты аххосаг ссис техникон системӕйы фехӕлд, кӕцы баст уыд программӕ сног кӕнынимӕ. Уыцы фехӕлд дыууӕ боны ӕмгъуыдмӕ иуварсгонд ӕрцыд.

"16 январы 15:00 сахатмӕ ӕввахс фӕзындысты техникон проблемӕтӕ, кӕцы мах бафӕлврдтам аиуварс кӕнын максималон цыбыр ӕмгъуыдмӕ. Уый иуварсгонд ӕрцыд ӕмӕ 18 январӕй ӕмбæлон уагдæттæм æрвыст æрцыдысты фиддæнты гæххæттытæ", — банысан кодта Галазты Владимир.

Уый ма бафтыдта, бюджетон организациты кусджытӕн сӕ куыстмыздтӕ лӕвӕрд кӕй ӕрцӕудзысты бюджетон кредиты хуызы, кӕцы республикӕ райста 13 январы 650 млн сомы бӕрц.

"Фӕнды мӕ зӕгъын бюджетон къабазы кусджытӕн, ацы проблемӕ кӕй цӕуы скъуыддзаггонд ӕмӕ фиддӕнтӕ фыст кӕй цӕуынц, фиддонон документтӕ арӕзт кӕй цӕуынц рӕстӕгыл", — загъта Цæгат Ирыстоны федералон къазнадоны управленийы разамонæджы хæдивæг.

2016 азы кӕрон Цӕгат Ирыстоны бюджетон организациты кусджытӕн бафыстой 30% бӕрц аванс декабрӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0