Дзӕуджыхъӕуы сабидӕтты хъомылгӕнинӕгтӕ бахаудысты рынчындонмӕ карз инфекциимæ

© Sputnik / Владимир Песня /  Ахизын медиабанкмæДевочка заглядывает в приоткрытую дверь социального отделения городской детской больницы
Девочка заглядывает в приоткрытую дверь социального отделения городской детской больницы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сабидӕтты уагъд цӕуы басгӕрст, Роспотребнадзор дзуры, зӕгъгӕ, дзырд нӕ цӕуы масштабон фӕхъӕстӕйыл.

ЦХИНВАЛ, 20 янв — Sputnik, Биазырты Дзерассӕ. Дзӕуджыхъӕуы фондз сывӕллоны бахаудысты рынчындонмӕ тъæнгты карз инфекциимæ, фехъусын кодтой Sputnik Роспотребнадзоры.

"Абоны онг госпитализацигонд ӕрцыдысты фондз сывӕллоны. Цыппары дзы ауагътам хӕдзармӕ, амбулаторон хоскӕнынадмӕ. Сабидӕтты ист ӕрцыдысты продуктты хуызӕгтӕ, кусджыты анализтӕ. Сабидон йӕ куыст дарддӕр кӕны, нӕй аххосӕгтӕ йӕ сӕхгӕнынӕн. Дзырд нӕ цӕуы масштабон фӕхъӕстӕйыл", — банысан кодтой уагдоны.

15 регион куыд бӕрӕг кӕны, афтӕмӕй республикон клиникон рынчындонмӕ бахаудысты Дзӕуджыхъӕуы 45-ӕм ӕмӕ 85-ӕм сабидӕтты хъомылгӕнинӕгтӕ.

Республикӕйы прокурор Владимир Векшины хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, дыууӕ сабидоны дӕр уагъд цӕуы басгӕрст.

"Басгӕрсты рӕстӕджы лӕвӕрд ӕрӕудзӕн барадон аргълӕвӕрд ахуырадон уагдӕтты бӕрнон кусджыты архӕйдтытӕн сывӕллӕтты ӕнӕниздзинад ӕмӕ цард хъахъхъӕныны фӕдыл законы домӕнтӕ ӕххӕст кӕныны рӕстӕджы, афтӕ ма санитарон-эпидемиологон домӕнтӕн", — загътой прокуратурӕйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0