Мамсыраты Ирма: Турчы фӕзындзӕн ирон ӕвзаджы клубы филиал

© Sputnik / Аида ГагиеваИрма Мамсыраты
Ирма Мамсыраты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон ӕвзаджы клуб йӕ куыст райдайдзӕн ацы къуыри, клубы уӕнг суӕвыны фадат ис алкӕмӕн дӕр.

ЦХИНВАЛ, 23 янв — Sputnik. Ирон ӕвзаджы клубы питераг ӕмӕ дзӕуджыхъӕуккаг филиалты фӕстӕ Турчы тагъд рӕстӕджы нывӕндынц ноджы иу филиал бакӕнын. Уый тыххӕй Sputnik уацхӕссӕгӕн ирон ӕвзаджы клубы минӕварады ӕрбайгомы рӕстӕджы Дзӕуджыхъӕуы радзырдта ӕхсӕнадон архайӕг, Турчы Аланты ӕхсӕнадӕмон цӕдисы сӕрдар Мамсыраты-Темурленк Ирма.

Чермен Дудайты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дудайты Чермен: ирон æвзаджы студи саразыны фӕнд йæхи нæ фæмæнг кодта

"Проекты ма нын ис бакӕнын ноджы иу филиал Турчы, Анкарайы. Мах фӕнды хӕларадон ахастытӕ аразын сымахимӕ, уазӕгуаты уӕм цӕуын, ӕмӕ кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕй сымах та цӕуат Туркмӕ. Фӕнды нӕ исты мадзӕлтты хайад исын. Уый ахъаз уыдзӕн, цӕмӕй нӕ кӕрӕдзи хуыздӕр базонӕм, ӕмӕ хӕларадон ахастытӕ сфидар кӕнӕм", — загъта уый.

Мамсыраты — Темурленк Ирмайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Турчы цӕрӕг ӕрыгон ирӕттӕ нӕ зонынц сӕ мадӕлон ӕвзаг. Ирон ӕвзагзонынад та, йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕрбангом кӕнид, ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты цӕрӕг ирон адӕмы.

"Турчы фӕсивӕды 99% нӕ зонынц сӕ мадӕлон ӕвзаг, уымӕ гӕсгӕ, сӕ кӕрӕдзиимӕ дзурынц туркаг ӕвзагыл. Ам (Ирыстоны) ирӕттӕ та сӕ кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнынц уырыссаг ӕвзагыл. Фӕлӕ мах ирон ӕвзаг куы зонӕм, уӕд нӕ бон суыдзӕн кӕрӕдзиимӕ ӕнӕ уырыссаг ӕмӕ туркаг ӕвзаг зонгӕйӕ, ныхас кӕнын", — загъта Ирмӕ.

Мамсыраты-Темурленк Ирма загъта бузныг клубы ӕрбайгомы филиалы фӕдыл йӕ организатор Коцты Ацӕмӕзӕн, кӕй хӕссы стыр хайбавӕрд ирон ӕвзаджы райрӕзтмӕ ӕрмӕст Ирыстоны нӕ, фӕлӕ Турчы дӕр". Турчы цӕрӕг ирӕттӕ та, ныффыстой видеоролик, цы ран раарфӕ кодтой клубӕн. Уазджыты зӕрдӕтӕ ма бахъӕлдзӕг кодтой чысыл концертон программӕйӕ.

ЦИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзӕуджыхъӕуы бакӕндзысты ирон ӕвзаджы студи

Клубы фыццаг урок уагъд ӕрцӕудзӕн ацы сабаты арт-клубы "Infinity"-йы 15:00 сахатыл. Райдзаст уавӕры хайадисджытӕ бакӕсдзысты продюсер ӕмӕ режиссер Икъаты Мадинӕйы мультфильммӕ "Кæмæн цы…" Бакасты фӕстӕ та цӕудзысты уынаффӕтӕ ирон ӕвзагыл. Коцты Ацӕмӕз куыд банысан кодта, афтӕмӕй, клубы хайадисджытӕ ӕххуыс кӕндзысты, йӕ хъуыдытӕ ирон ӕвзагыл кӕмӕн уа зын зӕгъын.

"Мах ӕрмӕст алы ныхасы здӕхтыл, диалекттыл, фӕлӕ ма ахуыр кӕндзыстӕм нӕ кӕрӕдзи. Зӕгъӕм, мӕнӕй цавӕрдӕр ныхас айрох, уӕд мын клубы уӕнгтӕ уайтагъд ӕрцӕудзысты ӕххуысмӕ ӕмӕ йӕ иумӕ ратӕлмац кӕндзыстӕм. Афтӕ, процессы рӕстӕджы нӕ къухты ӕфтдзысты ӕнтыстытӕ мадӕлон ӕвзагыл дзурыны хъуыддаджы. Ӕнӕ ахуыргӕнджытӕ, ахуыры чингуытӕ ӕмӕ тетрӕдтӕй.Фӕлӕ — иу, ӕнӕмӕнгӕй, мах ӕрбахондзыстӕм филологты, поэтты, нывгӕнджыты ӕмӕ семӕ ныхас кӕндзыстӕм клубы форматы",- загъта Коцты Ацӕмӕз.

Ног хабӕртты лентӕ
0