Тедеты Лери агуры Хуссар Иры къуылдымтӕ къахкъӕлӕттыл бырынӕн

© Федерация горнолыжного спорта РЮОЛери Тедеев
Лери Тедеев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвайлаг Тедеты Лери ӕрзылд бирӕ къахкъӕлӕттыл бырӕн къуылдымтыл, ныххӕццӕ Эльбрусмӕ дӕр, ныр та йӕ фӕнды срӕвдз кӕнын хӕххон-къахкъӕлӕттон трассӕтӕ Хуссар Ирыстоны дӕр.

ЦХИНВАЛ, 24 янв — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны хӕххон-къахкӕлӕттон спорт ӕмӕ сноуборды федераци рӕвдз кӕны ацы спортуарзджытӕн къахкъӕлӕттыл тезгъо Цӕгат Ирыстоны Цъӕйы трассӕтыл.

Ихын фӕз Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ихын циндзинад

Федерацийы сӕргълӕууӕг Тедеты Лери фехъусын кодта Sputnik, ныртӕккӕ йӕ федерацийы кӕй ис ӕрмӕстдӕр 11 адӕймаджы, уыдон ӕхсӕн спорты дӕсны Бахъаты Роман ӕмӕ ӕрыгон къахдзоныгъджынтӕ Хъазиты Владимир, Тадтаты Руслан ӕмӕ ӕндӕртӕ. Социалон хызӕг Facebook-ы Хуссар Ирыстоны хӕххон-къахкъӕлӕтджын спорты къорды ис 107 хайадисӕджы. Уыдонӕй алчи нӕ лӕууы къахкъӕлӕттыл, фӕлӕ цымыдисимӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, Лери рӕстӕгӕй рӕстӕгмӕ цы къамтӕ ӕмӕ видеотӕ сӕвӕры, уыдонмӕ.

Куыддӕр Цъӕйы ӕруары ӕмбӕлон бӕрц мит, афтӕ Лери ӕрӕмбырд кӕны сывӕллӕтты Цхинвалы, акӕны сӕ йӕхи автотранспортыл, райсы арендӕйы къахкъӕлӕттӕ ӕмӕ къахыдарӕс ӕмӕ йӕхӕдӕг ахуыр кӕны суинаг спорсменты.

"Фыццаг уал сӕ сахуыр кӕнын раст уромын ӕмӕ цадӕггай зилын. Ууыл хъӕуы ахуыр кӕнын фыццаг рады, уымӕн ӕмӕ ногӕй чи слӕууы къахкъӕлӕттыл, уыдон гӕнӕн ис ӕмӕ фӕтыхсой, раст ма ӕруромой сӕхи, ахауой ӕмӕ ма травмӕ дӕр райсой. Уый фӕстӕ сӕ сахуыр кӕнын, куыд хъӕуы ратс ӕрхауын. Ахуыр сӕ кӕнын "наз бӕласы" хуызы цӕуы. Уый фӕстӕ райдайӕм кусын техникӕйыл", — дзуры уый.

Ацы январы Лерийӕн ныридӕгӕн бантыст къахкъӕлӕттыл ӕхсӕз сывӕллоны слӕууын кӕнын.

Чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕ хӕдзарӕй рахӕссынц хӕрд, скӕнынц хъарм дарӕс ӕмӕ райсомӕй афӕндараст вӕййынц Цъӕймӕ. Ам алыхатдӕр вӕййы бирӕ туристтӕ, фӕлӕ Хуссар Ирыстоны хӕххон-къахкъӕлӕттон федерацийы уӕнгты ам хорз зонынц отельты персонал дӕр ӕмӕ инструктортӕ дӕр, спортивон ифтонггарз арендӕ райсыны рӕстӕджы сын фӕасламдӕр кӕнынц ӕргътӕ. Уымӕн ӕмӕ транспортон, къахкъӕлӕтты арендӕйы хӕрдзтӕ Лери райсы йӕхимӕ. Уый меценат нӕу. Йӕхи ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый "рынчын у къахкъӕлӕттӕй", ӕмӕ зӕгъы, ацы "спортыл ӕй кӕй фӕнды фӕхӕст кӕнын куыд фылдӕр цхинвайлӕгты".

© Федерация горнолыжного спорта РЮОТедеты Лери йӕ ахуыргӕнинагимӕ
Тедеты Лери йӕ ахуыргӕнинагимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
Тедеты Лери йӕ ахуыргӕнинагимӕ
© Федерация горнолыжного спорта РЮОТедеты Лери йӕ ахуыргӕнинагимӕ
Тедеты Лери йӕ ахуыргӕнинагимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/4
Тедеты Лери йӕ ахуыргӕнинагимӕ
© Федерация горнолыжного спорта РЮОХуссар Ирыстоны хӕххон-къахкӕлӕттон спорт ӕмӕ сноуборды федераци
Хуссар Ирыстоны хӕххон- къахкӕлӕттон спорт ӕмӕ сноуборды федераци - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/4
Хуссар Ирыстоны хӕххон-къахкӕлӕттон спорт ӕмӕ сноуборды федераци
© Федерация горнолыжного спорта РЮОЦъӕйы
Цъӕйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/4
Цъӕйы
1/4
Тедеты Лери йӕ ахуыргӕнинагимӕ
2/4
Тедеты Лери йӕ ахуыргӕнинагимӕ
3/4
Хуссар Ирыстоны хӕххон-къахкӕлӕттон спорт ӕмӕ сноуборды федераци
4/4
Цъӕйы

Афтӕ ма Лерийы фӕнды саразын ӕнӕаипп трассӕ Хуссар Ирыстоны къуылдымтыл. Йӕ цӕст ныридӕгӕн ӕрӕвӕрдта цалдӕр уӕлхох бынӕттыл Цъон ӕмӕ Зары хъӕуты цур, ӕмӕ у ӕнӕдызӕрдыг, ам кӕй ис гӕнӕн сӕвӕрын бугелон хӕххытӕ ӕмӕ бӕндӕнӕй фӕндаг. Къуылдымы хӕрзарӕзтадӕн федерацийӕн йӕхимӕ фӕрӕзтӕ нӕй, уымӕн ӕмӕ дзы ныридӕгӕн ис ӕрмстдӕр 11 адӕймаджы ӕмӕ цалдӕр фӕлыст къахкъӕллӕттӕ. Сыгъдӕг энтузиазмыл дард ацӕуӕн нӕй, уымӕ гӕсгӕ Лери бахатыд ӕххуысы фӕдыл президентмӕ.

"Ныффыстон фыстӕг президентмӕ. Ис мӕм бӕлвырд хъӕппӕристӕ ӕмӕ иууылдӕр уыдоныл ӕрдзырдтон мӕ фыстӕджы. Нӕ федераци официалон ӕгъдауӕй кусы цалдӕр мӕйы ӕмӕ махӕн нӕхицӕн ницы ресурстӕ ис. Абоны бон ӕз цыдӕриддӕр аразын — акӕнын сывӕллӕтты, слӕууын сӕ кӕнын къахкъӕлӕттыл, тезгъо сӕ кӕнын "канаткӕ"-йыл — уыдӕттӕ иууылдӕр фидын мӕхи ӕхцайӕ. Экономийы тыххӕй махӕн алыхатт нӕ вӕййы фадат отелы ӕрлӕууын, хӕрд та сывӕллӕттӕ рахӕссынц хӕдзарӕй", — загъта Тедеты Лери.

Туризм бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны бӕрзӕндтӕ ӕмӕ рӕсугъд къуымтӕ

Лери йӕхӕдӕг бирӕ хӕттыты уыд алыгъуызон хӕххон курорты, уый нымӕцы Эльбрусы дӕр. Ацы балцыты уымӕн фӕзынд хӕлӕрттӕ, профессионалон къахдзоныгъджынтӕ, кӕцыты йӕ фӕнды ӕрхонын Хуссар Ирыстонмӕ, цӕмӕй иумӕ бакусой къуылдымтыл, цӕмӕй къахкъӕлӕттӕ уой алкӕмӕн дӕр рӕувадат.

"Санкт-Петербурджы мӕнӕн ис хорз зонгӕтӕ, специалисттӕ ацы къабазы. Мӕн хъӕуы цалдӕр бынат сбӕлвырд кӕнын, уыдон та ӕрцӕудзысты ӕмӕ саргъ кӕндзысты, бӕззы къуылдым къахкъӕлӕттыл бырынӕн ӕви нӕ, фендзысты йын йӕ дӕргъ, бацӕттӕ кӕндзысты схемӕтӕ ӕмӕ хахнывтӕ. Уый фӕстӕ бахъӕудзӕн балхӕнын дыууӕ бугелон хаххы ӕмӕ "канаткӕтӕ" ӕмӕ фӕстӕ фӕзындӕн фадат трассӕтыл тезгъо кӕнынӕн", — дзуры уый.

Лери нӕ дызӕрдыг кӕны, Хуссар Ирыстон йӕ ӕрдзон уавӕртимӕ иттӕг хорз кӕй у активон улӕфт ӕмӕ спортӕн, ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы кусын хӕххон-къахкъӕлӕттон спорты размӕцыдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0