Хъӕрӕсе-Черкесы фӕмардуӕвӕг Гояты Александр Хуссар Иры уыд агуырды

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæНаручники на двери клети для скамьи подсудимых
Наручники на двери клети для скамьи подсудимых - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2008 азы августы Гояты Александр алыгъд цхинвайлаг рӕстмӕгӕнӕн колонийӕ, цы ран ӕййӕфта ӕфхӕрд Хуссар Ирыстоны Ӕдасдзинады советы раздӕры секретарь Ӕлборты Олегы амарыны хъуыддаджы хайадисты тыххӕй.

ЦХИНВАЛ, 24 янв — Sputnik, Козаты Диана. Хъӕрӕсе-Черкесы кӕй амардтой, ӕмӕ йӕ амарыны хъуыддаджы хуссарирыстойнаг боксер кӕмӕн у зӕрдӕмӕхсайгӕ, уыцы Гояты Александры агуырдтой Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органтӕ бынӕттон ахӕстонӕй алидзыны тыххӕй.

Хъӕрӕсе-Черкесы слестгӕнӕн органтӕ фехъусын кодтой, кӕй ӕрцахстой Хуссар Ирыстоны дыууӕ хатты чемпион Ӕлборты Игорь ӕмӕ йӕ хӕстӕг Ӕлборты Аланы дывӕр лӕгмард саразыны хъуыддагмӕ зӕрдӕхсайды тыххӕй. Фӕдагуырды зонӕнтӕм гӕсгӕ, фарон ноябры 30-аздзыд Гояты Аланы мард буар ссардтой асинтыл бирӕнымӕц цӕфтимӕ, йӕ 70-аздзыд фыд Александры буар та ссардтой фатеры, уый дӕр бирӕнымӕц цӕфтимӕ Хъӕрӕсе—Черкесаг республикӕйы, поселок Ударныйы.

"2008 азы августы Гояты Александр алыгъд цхинвайлаг рӕстмӕгӕнӕн колонийӕ, цы ран ӕййӕфта ӕфхӕрд Хуссар Ирыстоны Ӕдасдзинады советы раздӕры секретарь Ӕлборты Олегы амарыны хъуыддаджы хайадисты тыххӕй", — фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы пресс-службӕйы.

Фӕдагуырды рӕстӕджы бӕлвырд ӕрцыд, Гояты Александр Ӕлборты Олегы амарыны тыххӕй кӕй баххуырста дыууӕ адӕймаджы Гӕбӕраты мыггагӕй — Дмитрий ӕмӕ Сӕрмӕты.

Ведомствӕйы банысан кодтой, Гояты Александр йӕ алыгъды фӕстӕ лӕвӕрд кӕй ӕрцыд ӕхсӕнадӕмон агуырдмӕ. Йемӕ алидзӕг Гӕбӕраты Дмитрий амард фарон сӕрды, уый фӕстиуӕгӕн урӕд ӕрцыдысты уголовон мадзӕлттӕ дӕр.

Работа вневедомственной охраны московской полиции - Sputnik Хуссар Ирыстон
Боксер Ӕлборты Игоры ӕрцахстой дывӕр лӕгмарды гуырысхойы фӕдыл

Ивгъуыд азы декабры, Гояйы фырты амӕлӕт куы рабӕрӕг ис, уӕд уымӕн дӕр ӕхгӕд ӕрцыд йӕ уголовон хъуыддаг.

Ӕлборты Игорь у Хуссар Ирыстоны ПӔК-ы раздӕры сӕргълӕууӕг ӕмӕ Ӕдасдзинады советы нымӕрдар Ӕлборты Олегы фырт. Олег фӕмард 2006 азы хиаразгӕ рӕмудзӕн ӕрмӕджы фехӕлды фӕстиуӕгӕн, кӕцы сӕвӕрдӕуыд йӕ хисӕрмагонд гаражы дуӕрттыл. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад ацы цауӕн саргъ кодтой куыд терактӕн.

Ныртæккæ Гояты фыд æмæ фырты амарыны хъуыддаджы зæрдæхсайгæ адæймæгты фӕхæццæ кодтой Уæрæсейы Федерацийы Слестгæнæн комитеты Хъæрæсе-Черкесы слестгæнæн управленимæ фæдагурæн куыстытæ ауадзыны нысанæн. Уыдон урæд æрцыдысты дыууæ мæйы æмгъуыдмæ.

Слестгæнæн управленийы пресс-службæйы хъусинагмæ гæсгæ, фæдагурæн куыстыты фæлгæтты арæзт æрцыдысты æнæмæнгхъæуæг экспертизӕтӕ, бафарстой къорд бынæттон цæрæджы, кæцытæ баххуыс кодтой ацы уæззау цау раиртасынæн, уагъд цæуынц æндæр слестгæнæн куыстытæ.

Уголовон хъуыддаг дарддæр сгæрст цæуы.

Ног хабӕртты лентӕ
0