Джульетто Кьеза суыдзӕн Хуссар Иры минӕвар Европарламенты

© Sputnik / Михаил ХасиевДжульетто Кьеза
Джульетто Кьеза - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зындгонд италиаг журналист ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг Джульетто Кьеза бадзырдта хуссаррыстойнаг депутаттимӕ ӕмгуыстады фӕдыл ӕмӕ суыдзӕн республикӕйы минӕвар Европӕйы.

ЦХИНВАЛ, 25 янв — Sputnik, Хъотайты Мария. Италиаг журналист ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг Джульетто Кьеза ис гӕнӕн ӕмӕ суа Хуссар Ирыстоны парламенты минӕвар Европарламенты, радзырдта Кьеза журналисттӕн пресс-конференцийы рӕстӕджы Цхинвалы.

"Фембӕлд мын уыд Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттимӕ ӕмӕ сӕ райстон ӕнхъарӕн Хуссар Ирыстоны парламенты минӕвар суӕвын. Раздӕр уыдтӕн Европарламенты депутат, хорз зонын Хуссар Ирыстоны истори ӕмӕ культурӕ, 1990 азы райдианӕй ам уыдтӕн ӕхсӕз хатты ӕмӕ куыд раздӕр, афтӕ ныр дӕр лӕууын ацы чысыл республикӕйы хӕдбардзинад ӕмӕ суверенитеты фарс", — загъта Кьеза.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн зоны, цы къахдзӕфтӕ хъӕуы аразын Хуссар Ирыстоны хъӕппӕристӕ размӕ кӕнынӕн Европӕйы.

"Депутаттӕн сӕ фылдӕн хай бынтондӕр ницы зоны Хуссар Ирыстоны историйы тыххӕй. Европӕйы бӕлвырд нымӕц адӕм зоны, кӕй ис ахӕм чысыл хӕдбар паддзахад. Хъӕуы фӕуӕрӕхдӕр кӕнын уӕ алфамблай информаци. Фыццаджыдӕр сӕ базонгӕ кӕнын хъӕуы адӕмы историимӕ. Уый фӕстӕ ӕрӕмбырд кӕнын ӕмхъуыдыгӕнджыты къорд, уый та нысан кӕны, 10-12 адӕймаджы кӕй ӕндавдзысты иннӕтыл", — загъта Европарламенты экс-депутат.

Мауро Мурджа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мауро Мурджа: италиаг адӕммӕ ис стыр цымыдис Хуссар Ирмӕ

Уымӕй дарддӕр ма уый банысан кодта, АИШ-ы хицауады аивдӕй, цы ран Трамп равзӕрста ӕндӕр бӕстӕтимӕ ахастыты ног схемӕ, ӕппӕт дунейы гом кӕнынц ног фадӕттӕ.

"Фылдӕрӕй фылдӕр кӕны, журналисттӕ ӕмӕ паддзахадон дзыллон информацийы фӕрӕзтыл чи нал ӕууӕнды, уыцы адӕмы нымӕц. Фӕлӕ Ныгуылӕны уӕддӕр нӕй дзырды сӕрибардзинад ӕмӕ хицауады хъуыдытӕн дзуапп чи нӕ дӕтты, уыцы ӕрмӕджытӕ мыхуыр нӕ цӕуынц. Адӕм уый уынынц, уымӕ гӕсгӕ мейнстримӕн нал ис тоталон ӕндӕвдад ӕхсӕнады цӕстӕнгасыл. Ӕмӕ ацы уавӕрты сымах хъӕуы фылдӕр кусын рӕстдзинад базоныны тыххӕй", — загъта уый.

Хӕдбардзинад банымайыны фӕстӕ, Хуссар Ирыстон фӕмыр ис дунейон аренӕйыл, загъта брифингыл Хуссар Ирыстоны экс-минӕвар УФ-йы Медойты Дмитрий, кӕцы ӕмбалиуӕг кӕны Кьезайӕн йӕ балцы Ирыстонмӕ.

"2008 азы августы агъоммӕ ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ ныццыдысты Европӕмӕ ӕмӕ алыгъуызон фӕзуӕттыл дзырдтой республикӕйы реалон уавӕрыл. Хуссар Ирыстон фӕстаг ӕзты фӕмыр ӕхсӕнадӕмон аренӕйыл. Хъӕуы ахсын ног позицитӕ. Депутатты ӕнхъарӕн у тынг ахсджиаг ӕмӕ мӕ ныфс ис, мах дарддӕр дӕр кӕй кусдзыстӕм Джульетто Кьезаимӕ, куыд хуссарирыстойнаг, афтӕ европӕйаг фӕзуатыл, цы ран мах лӕууиккам информаци зыгъуыммӕдзинады ныхмӕ нӕ фыдгултӕн", — загъта Медойты Дмитрий.

Ног хабӕртты лентӕ
0