Италиаг журналист ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг Джульетто Кьеза ис гӕнӕн ӕмӕ суа Хуссар Ирыстоны парламенты минӕвар Европарламенты, радзырдта Кьеза журналисттӕн пресс-конференцийы рӕстӕджы Цхинвалы.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн зоны, цы къахдзӕфтӕ хъӕуы аразын Хуссар Ирыстоны хъӕппӕристӕ размӕ кӕнынӕн Европӕйы.
"Депутаттӕн сӕ фылдӕн хай бынтондӕр ницы зоны Хуссар Ирыстоны историйы тыххӕй. Европӕйы бӕлвырд нымӕц адӕм зоны, кӕй ис ахӕм чысыл хӕдбар паддзахад. Хъӕуы фӕуӕрӕхдӕр кӕнын уӕ алфамблай информаци. Фыццаджыдӕр сӕ базонгӕ кӕнын хъӕуы адӕмы историимӕ. Уый фӕстӕ ӕрӕмбырд кӕнын ӕмхъуыдыгӕнджыты къорд, уый та нысан кӕны, 10-12 адӕймаджы кӕй ӕндавдзысты иннӕтыл", — загъта Европарламенты экс-депутат.