Тренер: Гасситы Мурӕт сразы уыдзӕн реваншыл, кӕд ӕмӕ Лебедев равӕра йӕ WBC-ы рон

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæБокс. Бой между Д. Лебедевым и М. Гассиевым
Бокс. Бой между Д. Лебедевым и М. Гассиевым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гасситы Мурӕт ӕмӕ Денис Лебедевы командӕты ӕхсӕн тох-реваншы тыххӕй бадзырдтӕ цӕуынц уӕззауӕй.

ЦХИНВАЛ, 26 янв — Sputnik, Козаты Диана. Гасситы Мурӕт ӕмӕ Денис Лебедевы ӕхсӕн тох-реванш уыдзӕн цымыдисаг, кӕд ӕмӕ дзырд цӕуа дыууӕ чемпионаг титулыл, загъта ирон спортсмены тренер Сланты Виталий.

Бокс. Тренировка Д.Лебедева и М.Гассиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурӕт нӕ нывӕнды ӕввахс рӕстӕджы украинӕйаг Усикимӕ тох ауадзын

Денис Лебедев 3 декабры Мӕскуыйы тӕрхонгӕнджыты ныхмӕлӕуд скъуыддзагмӕ гӕсгӕ фембылд Гасситы Мурӕтӕн ӕмӕ фесӕфта IBF титул фыццаг уӕззау уӕзы. Лебедевы иннӕ титул — WBA тохы раразмӕгонд не рцыд.

"Тох-реваншы тыххӕй бадзырдтӕ уадзынц промоутертӕ, уыдон цӕуынц уӕззауӕй, уымӕн ӕмӕ нын ахӕм домӕнтӕ ӕвӕрынц, кӕцытыл мах не ′сразы уыдзыстӕм", — загъта тренер.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Гасситы Мурӕты фарс сразы уыдзӕн реваншыл ӕрмӕстдӕр уӕд, кӕд ӕмӕ Лебедев раразмӕ кӕна йӕ WBC-ы версимӕ гӕсгӕ чемпионы титул.

"Уӕд мах ацӕудзыстӕм бӕлвырд финансон хӕрдзтыл. Кӕд уыцы тох уагъд ӕрцӕуа, уӕд уый суыдзӕн стыр баиугонд матч, стӕм тох", — банысан кодта Сланты Виталий.

Гасситы Мурӕты чемпионаг титулмӕ претендент ма у украинӕйаг боксер Александр Усик дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0