ЦХИНВАЛ, 27 янв — Sputnik. ӔИА "Россия сегодня"-йы 27 январы уагъд ӕрцыд курдиатджын сывӕллӕтты ног ӕхсӕнадӕмон музыкалон конкурс "Ты — супер!"-ы организаторты пресс-конференци. 11 февралы НТВ-ы каналыл цы ног проект райдайдзӕн, уый хайадисджытӕ суыдзысты 7-18 азы кары курдиатджын сывӕллӕттӕ, кӕцытӕ аззадысты ӕнӕ ныййарджыты ӕвджидӕй.
Дыууӕ мӕйы дӕргъы цыд ӕнӕрлӕугӕ куыст ӕрыгон музыкалон курдиӕттӕ ссарыны фӕдыл. Ӕдӕппӕт кастингы хайад истой сывӕллӕтты хӕдзӕртты ӕмӕ скъола-интернатты хъомылгӕнинӕгтӕ, афтӕ ма сывӕллӕттӕ сидзӕрхӕссӕг бинонтӕй. Абхаз, Хуссар Ирыстон, Сомихстон, Беларусь, Гуырдзыстон, Молдовӕ, Казахстан, Кыргызстан ӕмӕ Эстонийы сывӕллӕтты агуырдта ӕхсӕнадӕмон информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik. Развӕлгъау агуырды фӕстиуӕгӕн НТВ командӕ равзӕрста 92 вокалисты Уӕрӕсе ӕмӕ ХПӔ-бӕстӕтӕй.
Андрей Благодыренко, Sputnik къухдариуӕггӕнӕг ХПӔ-бӕстӕтӕ ӕмӕ Балтийы: "Махӕн тынг ӕхсызгон у, ӕмӕ кӕй стӕм ацы диссаджы проекты хай. Ссардтам иууыл курдиатджын сывӕллӕтты ХПӔ-ы бӕстӕты ӕмӕ Балтийы, ӕрвылбон хъусын кӕнӕм Sputnik ресурстыл йе 'нтыстыты тыххӕй. Мах ныфс ис ӕмӕ проект Sputnik хайадистӕй кӕй суыдзӕн ног иугӕнӕг тых фӕссоветтон тыгъдадыл".
Январы кӕрон Мӕскуымӕ ӕрцыдысты фыццаг туры хайадисджытӕ законон минӕвӕрттӕ, медицинон персонал, ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ психологтимӕ. Сывӕллӕттӕн сӕ фылдӕр фыццаг хатт федтой Уӕрӕсейы столицӕ, чидӕртӕ та сӕ ныры онг сӕ райгуырӕн горӕтӕн ӕддейӕ ныкуыдӕр уыдысты. Конкурсанттӕ ныридӕгӕн райдыдтой кусын ахуыргӕнджытимӕ вокалӕй ӕмӕ адарддӕр кодтой ахуыр скъолайон программӕмӕ гӕсгӕ. Репетициты ӕхсӕн сывӕллӕттӕ цӕрынц ӕрвылбонон цардӕй — цӕуынц бассейнмӕ, дискотекӕтӕм.
Вадим Такменев, музыкалон шоу "Ты супер!"-ы амонӕг: "Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, нӕ курдиатджын архайджытӕй алкӕмӕн дӕр уый у диссаджы фадат сӕ курдиат раргом кӕнынӕн, рӕстӕгмӕ ӕрвылбонон уавӕрӕй хи атонын ӕмӕ фенын бынтон ӕндӕр цард. Уыдонӕн ис фадат ног ӕмбӕлттӕ ссарын, сӕ тыхтӕ бавзарын, ног истытӕ базонын. Ацы шоуйы фӕрцы бирӕты бацӕудзӕн ныфс ӕмӕ кӕд алцы нӕ, уӕддӕр бирӕ цыдӕртӕ баст у сӕхи тыхтимӕ".
Sputnik (sputniknews.com) — ног хабӕртты агентад ӕмӕ радио мультимедион информацион хабтимӕ дӕсгай бӕстӕты. Sputnik-ы сконды сты 30 сайттӕй фылдӕр, аналогон ӕмӕ цифрон радиофидиуӕн, мобилон ӕмхасӕнтимӕ ӕмӕ социалон хызӕгты фӕрстимӕ. Рафысджытӕн ног хабӕртты лентӕтӕ ӕнӕхъӕн суткӕйы дӕргъы цӕуынц англисаг, арабаг, испайнаг ӕмӕ китайаг ӕвзӕгтыл.