Мӕргъиты Алексийы зиан бавӕрын йӕхимӕ райсдзӕн паддзахадон къамис

© facebook, Нелли Габараева Алексей Маргиев
Алексей Маргиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны зындгонд историк ӕмӕ архивариус Мӕргъиты Алекси йӕ цардӕй ахицӕн 90 азы кары, йӕ зиан бавӕрыны хӕрдзтӕ йӕхимӕ райсдзӕн хицауад.

ЦХИНВАЛ, 30 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид бафыста бадзырд Мӕргъиты Алексийы зиан бавӕрыны тыххӕй паддзахадон къамис саразыны фӕдыл, загътой Sputnik хицауады аппараты.

Хуссар Ирыстоны зындгонд историк ӕмӕ архивариус Мӕргъиты Алекси йӕ цардӕй ахицӕн сабаты 90 аздзыдӕй.

"Мӕргъиты Алексийы амарды фӕдыл Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леониды барамындӕй арӕзт ӕрцыд паддзахадон къамис зиан бавӕрыны фӕдыл. Йе скондмӕ бацыдысты хицауады уӕнгтӕ, депутаттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон архайджытӕ", — загътой хицауады аппараты.

Тыбылты Леонид ма ратӕфӕрфӕс кодта. Мӕргъиты Алекси йӕ цардӕй кӕй ахицӕн, уый фӕдыл ӕмӕ банысан кодта, йӕ ацыдыимӕ Хуссар Ирыстонӕй кӕй фӕхъуыд ирд патриот ӕмӕ энтузиаст.

"Алекси Георгийы фырты бирӕвӕрсыг ӕмӕ ӕнтыстджын архайдӕн лӕвӕрд ӕрцыд бӕрзонд аргъ. Уый хорзӕхджын ӕрцыд Фыдыбӕстӕйы уӕлдӕр паддзахадон хорзӕх — Кады Орден ӕмӕ бирӕ ӕндӕр ордентӕ ӕмӕ майдантӕй. Мӕргъиты Алексийы рухс фӕлгонц ӕнустӕм баззайдзӕн нӕ зӕрдӕты. Никуы нӕ уыдзӕн рох", — дзырдӕуы паддзхахады сӕргълӕууӕджы тӕфӕрфӕсы.

Мӕргъиты Алекси бирӕ ӕзты ӕмбырд кодта Хуссар Ирыстоны ныхмӕ гуырдзиаг агрессийы амӕттӕгтӕ ӕмӕ фыдракӕндты фӕдыл документтӕ, публикацитӕ, зонӕнтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0