ФАС бакодта уголовон хъуыддаг "Мегафон"-ы ныхмӕ тарифты фӕбӕрзонддӕры тыххӕй

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæСалоны сотовой связи в Москве
Салоны сотовой связи в Москве - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уголовон хъуыддаг бакӕныны аххосаг ссис, "Мегафон" роумингы бындурон тарифтӕ кӕй фӕбӕрзонддӕр кодта, уый.

ЦХИНВАЛ, 30 янв — Sputnik. Уӕрӕсейы Федералон антимонополон службӕ (ФАС) бакодта уголовон хъуыддаг "Мегафон"-ы ныхмӕ, ӕхсӕнадӕмон роумингы бастдзинады бындурон тарифтӕ кӕй фӕбӕрзонддӕр кодта, уый фӕдыл, хъусын кӕны РИА Новости.

"Федералон антимонополон службӕ 2017 азы 26 январы бакодта уголовон хъуыддаг "Мегафон"-ы ныхмӕ… Уымӕн аххосаг ссис, "Мегафон" 2016 азы 12 декабрӕй ӕхсӕнадӕмон роумингы 38 здӕхты бастдзинады лӕггӕдтӕн бындурон тарифтӕ кӕй фӕбӕрзонддӕр кодта, уый", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Куыд хъусын кӕнынц, афтӕмӕй 2016 азы 22 ноябры "Мегафон" фехъусын кодта информаци йӕ абоненттӕн, 12 декабрӕй кӕй фӕфылдӕр уыдзысты телефонон бастдзинады, SMS ӕмӕ интернеты тарифтӕ ӕнӕ опцитӕй. Ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр здӕхтыты ӕргътыл схӕцыдысты раздӕры сфидаргонд тарифтӕй 20% — 2200% бӕрц.

Куыд нысан цӕуы, афтӕмӕй бастдзинады аннӕ оператортӕ, кӕцытӕ сты ӕмархайды ӕмбӕлон уавӕрты бастдзинады фӕсарӕйнаг оператортимӕ — роумингон партнертимӕ, нӕ фӕбӕрзонддӕр кодтой бастдзинады лӕггӕдты фӕдыл тарифтӕ роумингы.

Ног хабӕртты лентӕ
0