Дзӕуджыхъӕуы фесӕфӕг ӕнахъом чызджы ссардтой Челябинскы

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæАвтомобиль полиции
Автомобиль полиции - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тамара Люляковайы, кӕцыйы агуырдмӕ радтой иу мӕйы размӕ, ссардтой Цӕгат Ирыстонӕн бирӕ километры дӕрддзӕф.

ЦХИНВАЛ, 31 янв — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг ӕнахъом чызджы, кӕцыйы расидтысты ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕгыл ацы аз 8 январы, полицийы кусджытӕ ссардтой Челябинскы областы, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны МХМ-ы пресс-службӕ.

Ведомствӕйы куыд банысан кодтой, афтӕмӕй Тамара Люляковайы фесӕфтӕн уыд резонанс республикӕйы цӕрджыты ӕхсӕн, кӕцытӕй бирӕтӕ се ′ххуысы къух фӕдаргъ кодтой йӕ агуырды рӕстӕджы. Полицийы кусджытӕ ауагътой агурӕн мадзӕлтты комплекс, ӕрфарстой чызджы хиуӕттӕ ӕмӕ зонгӕты, басгӕрстой, цы бынаты ис гӕнӕн ӕмӕ уыдаид, уый.

Лӕмбынӕг агуырдӕн уыд фӕстиуӕг — чызджы ссардтой Челябинскы областы, ӕнахъомты рӕстӕгмӕ дарӕн центры.

Ног хабӕртты лентӕ
0