ЦХИНВАЛ, 1 фев — Sputnik, Болататы Алина. Цӕгат Ирыстоны парламент райсдзӕн закон ирон ӕвзаджы фӕдыл, кӕцымӕ гӕсгӕ мадӕлон ӕвзагӕй хъуамӕ пайда кӕной царды алы къабазы дӕр. Уый тыххӕй телеалӕвӕрд "Пресс-клуб"-ы рӕстӕджы фехъусын кодта хицауады сӕрдар Тускъаты Таймураз. Уыимӕ иумӕ уый бӕлвырд нӕ загъта, кӕд ӕрцӕудзӕн райст ахӕм закон.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы закон у ӕнӕмӕнгхъӕуӕг мадӕлон ӕвзаг бахъахъхъӕнынӕн ӕмӕ бафтыдта, закон райсты размӕ йыл кӕй хъӕуы бакусын.
"Ӕвзаг у культурӕ. Ӕвзаджы фесӕфт у культурӕйы, монон бындурты фесӕфт. Уымӕ гӕсгӕ саразын хъӕуы ӕппӕт дӕр, цӕмӕй нӕ фӕсивӕд дзура мадӕлон ӕвзагыл. Законыл ӕрцӕудзӕн бакуыст ӕмӕ алы цӕстӕнгас хынцгӕйӕ ӕрцӕудзӕн райст, цӕмӕй бахъахъхъӕнӕм не ′взаг ӕмӕ нӕ культурӕ ацы бирӕвӕрсыг дунейы", — загъьта хицауады сӕрдар.
Уыимӕ иумӕ ма банысан кодта, ирон ӕвзаг бахъахъхъӕныны тыххӕй ахсджиаг кӕй у ууыл хӕдзары, бинонты ӕхсӕн дзырын.
"Фӕсивӕды егъау хай нӕ дзуры мадӕлон ӕвзагыл. Хӕдзары мах хъуамӕ дзурӕм ирон ӕвзагыл. Ис проблемӕ, ис йӕ райхӕлды уынынад дӕр", — банысан кодта Тускъаты Таймураз.
Ирон ӕвзаджы фӕдыл законыл бакуыст цӕуы ныр 17 азы дӕргъы.