ЦӔК: Тыбылты, Бибылты, Кокойты ӕмӕ иннӕтӕн закон дӕтты ӕмхуызон бартӕ

© Sputnik / Михаил ХасиевПравительство Южная Осетия
Правительство Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры Централон ӕвзарӕн къамис ныфс дӕтты президенты бынатмӕ претенденттӕй "алкӕмӕн дӕр ӕмхуызон фадӕттӕ раттын ӕнӕ уӕлвӕткӕй".

ЦХИНВАЛ, 2 фев — Sputnik. Кӕд ӕмӕ президенттӕм кандидат фӕстаг 10 азы нӕ цард Хуссар Ирыстоны, уӕд законмӕ гӕсгӕ уый нӕ срегистраци кӕндзысты, фехъусын кодтой Централон ӕвзарӕн камисы.

Хуссар Иры Централон ӕвзарӕн камис фидарӕй дзуры, президенты бынатмӕ претенденттӕй "алкӕмӕн дӕр кӕй уыдзӕн ӕмхуызон фадӕттӕ ӕнӕ уӕлвӕткӕй", фехъусын кодтой Sputnik ЦӔК-ы аппараты.

Президенто Республики Южная Осетия Л.Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид кандидатты бафӕдзӕхста хицауад ӕмӕ оппонентты ӕфхӕрдӕй хи бахизын

Ӕвзарӕн камис ӕвзӕрстагъоммӕ кампанийы рӕстӕджы йӕ куыст кӕндзӕн архайгӕ законмӕ гӕсгӕ.

"Закондӕттынад алкӕмӕн дӕр у ӕмхуызон: Тыбылты Леонид, Бибылты Анатолий, Кокойты Эдуард ӕмӕ президенттӕм иннӕ кандидаттӕн. Кӕд ӕмӕ президенттӕм кандидат фӕстаг 10 азы нӕ цард Хуссар Иры, нӕ зоны паддзахадон ӕвзӕгтӕ, науӕд та ЦӔК-мӕ документтӕ бадӕттыны рӕстӕджы гуымирӕй фехӕлдта уагӕвӕрд, ӕрбавдыста мӕнг зонӕнтӕ йе ‘фтиаг ӕмӕ исады тыххӕй, уӕд къамис райсдзӕн ӕмбӕлон уынаффӕ законмӕ гӕсгӕ ӕмӕ йӕ не срегистраци кӕндзӕн", — загътой ЦӔК-ы.

Регистрацийыл тобӕ сӕвӕрыны тыххӕй скъуыддзаг райст ӕрцӕудзӕн кандидаты документтӕ басгарыны фӕстиуджыты тыххӕй компетентон органтӕй официалон информаци райсыны фӕстӕ.

Ӕвзӕрстагъоммӕ кампани Хуссар Иры райдыдта 17 январы. Ныридӕгӕн ЦӔК-мӕ ӕрбахатыдысты авд адӕймаджы минӕвӕрттӕ, кӕцыты фӕнды сӕхи раразмӕ кӕнын паддзахады уӕлдӕр постмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0