ФХМ: ЕЦ ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕнӕвизӕйон ахастытӕ нӕ хауынц Хуссар Иры ӕмбӕстӕгтӕм

© Sputnik / Михаил ХасиевПравительство Южная Осетия
Правительство Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырдзыстойнаг хицауады минӕвӕртты уынаффӕтӕ ӕддагполитикон ведомствӕйы рахуыдтой "къуылых логикӕ", кӕцытӕ мысынц алыгъуызон пропагандистон къӕппӕгтӕ Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕн.

ЦХИНВАЛ, 3 фев — Sputnik. Евроцӕдис ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕхсӕн ахастыты райрӕзтӕн ницы ӕндӕвдад ис Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕм, фехъусын кодтой майрӕмбоны ФХМ-ы.

Гуырдзыстонимӕ визӕты аивыны фарс цыппӕрӕмы рахӕцыд Европарламент. Ацы скъуыддзаджы фӕдыл йӕ разыдзинад хъуамӕ равдиса Евроцӕдисы Совет дӕр. Уый тыхы бацӕудзӕн ЕЦ официалон журналы мыхуыры фӕстӕ.

"Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад радон хатт нысан кӕны, Евроцӕдис ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕхсӕн ахастыты райрӕзт, уый нымӕцы се ′хсӕн визӕйон ӕмӕ ӕнӕвизӕйон ахастытӕ, хауынц ӕрмӕстдӕр Гуырдзыстоны ӕмбӕстӕгтӕм ӕмӕ сын ницы ахаст ис РХИ ӕмбӕстӕгтӕм", — дзырдӕуы ФХМ-ы официалон комментарийы.

Гуырдзиаг хицауады минӕвӕртты уынаффӕтӕ ӕддагполитикон ведомствӕйы рахуыдтой "къуылых логикӕ", кӕцытӕ ӕнхъарынц ахӕм цыдӕртӕ хӕдбар паддзахад — Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕн.

Встреча сопредседателей Женевских дискуссий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Мурӕт: Тбилис нӕ уадзы тасуадзӕг риторикӕ Хуссар Иры адресыл

Уынаффӕйы автортӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, 25 азы размӕ Хуссар Ирыстоны адӕм кӕй сарӕзтой равзӕрст хӕдбардзинады пайдайӕн ӕмӕ йын ницы ис иумӕйагӕй Гуырдзыстонимӕ.

"Хуссар Иры цæрджыты агрессийы руаджы скуынæг кæныны плӕнттæ сæххæст кæнын куыннæ бантыст, уæд Гуырдзыстон ныр та йæ тых радта пропагандæмæ. Гуырдзыстоны ныры къухдариуæгад, сæ размæ кусджытау, нæ уадзынц Гамсахурдиайы дуджы æрымысгæ нæмттæ "Цхинвальский регион", "афтæ хуыйнæг Хуссар Ирыстон", кæцытæ хуссарирыстойнаг цæрджытæн сты бафхæрдау", — бахахх кодтой ФХМ.

Уагдоны бамбарын кодтой, Хуссар Иры æмбæстæгтæн законон бындурыл кӕй ис Уæрæсейы æмбæстагад æмæ уæрæсейаг документтæ, кæцытимæ сæ бон у балц кæнын дунейыл.

"Ӕрмæст Гуырдзыстоны хицауад æмæ се ‘скæсæйнаг аудæг бæстæтæ аразынц алыгъуызон цæлхдуртæ Евроцæдисы бæстæтæм цæуынæн", — банысан кодтой суагъæйы автортæ.

ФХМ бафтыдтой, зӕгъгӕ, Гуырдзыстонæн афон у бамбарын, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны хсæн иунæг гæнæнуæвæг ахастытæ кӕй сты дыууæ æмбар паддзахады ахастытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0