Дзӕуджыхъӕуы сгарынц поликлиникӕйы сӕйраг дохтыры ахуырады ӕмвӕзад

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæПосетитель у регистрационного стола в поликлинике
Посетитель у регистрационного стола в поликлинике - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад сгары Дзӕуджыхъӕуы 7-ӕм поликлиникӕйы сӕйраг дохтыры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Георгий Никиташенкойы документтӕ, кӕцыйӕн ис гӕнӕн ӕмӕ ма разына уӕлдӕр ахуырад.

ЦХИНВАЛ, 9 фев — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы мэр Хӕдӕрцаты Махарбег фехъусын кодта, 7-ӕм поликлиникӕйы сӕйраг дохтыры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Георгий Никиташенкойӕн кӕй нӕй уӕлдӕр ахуырад. Ацы информацийы фӕстӕ Цӕгат Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад райдыдта басгӕрст, хъусын кӕны ведомствӕйы пресс-службӕ.

Горӕты сӕргълӕууӕг социалон хызӕджы йӕ аккаунты куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй мэры куырдиатӕн Цӕгат-Кавказаг паддзахадон гуманитарон-технологон академи каст фӕуыны факт сбӕлвырд кӕныны фӕдыл, уӕлдӕр ахуырадон уагдоны фехъусын кодтой, дыууӕ азы ахуыры фӕстӕ уый йӕ ахуыр кӕй ныууагъта барвӕндӕй.

"Ныртӕккӕ Цӕгат Иры Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад сгары Дзӕуджыхъӕуы 7-ӕм поликлиникӕйы сӕйрга дохтыры хӕдивӕг Георгий Никиташенкойы документтӕ, кӕцыйыл ӕвӕрд уыдысты къухдариуӕггӕнӕджы хӕстӕ. Абон мах арвыстам куырдиат горӕт Черкесскы Цӕгат-Кавказаг паддзахадон гуманитарон-технологон академимӕ ӕмӕ горӕт Мӕскуыйы поликлиникӕмӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады банысан кодтой, басгӕрсты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ уагдоны кӕй равзардзысты сӕвзӕргӕ уавӕр ӕмӕ бафтыдтой, поликлиникӕйы кадрты службӕйы хӕстӕм кӕй нӕ хауы документты ӕцӕгдзинад бӕлвырд кӕнын.

Никиташенко сӕйраг дохтыры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй нысан ӕрцыд 16 январы, ацӕугӕ рӕстӕг уый сарӕзта йӕхицӕн ном коллегӕты ӕхсӕн, йӕхи сын равдыста куыд ахуыргонд ӕмӕ компетентон специалист.

Ног хабӕртты лентӕ
0