ЦХИНВАЛ, 10 фев — Sputnik, Босыкты Наталья. Уӕрӕсейы уӕгъдибар хъӕбысхӕсты федераци(УУХФ) бафыста ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд Хуссар Ирыстоны Уӕгъдибар хъӕбысхӕсты федерациимӕ (УХФ).
Документыл сӕ къухтӕ бафыстой УУХФ-ы президент Михаил Мамиашвили ӕмӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй УФ-йы ӕмбырдгонды сӕйраг тренер Тедеты Дзамболат, кӕцы ацы къуыри ӕвзӕрст ӕрцыд Хуссар Ирыстоны УХФ-ы президентӕй.
Мамиашвилийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, бадзырд фӕахъаз уыдзӕн Хуссар Ирыстоны рӕзгӕ фӕлтӕрӕн тренировкӕгӕнӕн-ерысгӕнӕн процессӕн уавӕртӕ саразынӕн.
"Ацы фарстытӕ суыдзысты нӕ федерациты хӕслӕвӕрдты бындур. Уый ахъаз уыдзӕн спорты размӕцыдӕн, сывӕллӕттӕ цайдагъ кӕндзысты спорты ахӕм хуызыл, куыд уӕгъдибар хъӕбысхӕст, кӕцы нын радта олимпиаг чемпион Рӕмонты Сосланы. Уый, зындзинӕдтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, йӕ бӕстӕйӕн ӕрхаста уӕлахиз ӕмӕ сӕнусон кодта йӕ ном", — загъта Мамиашвили.
Хуссарирыстойнаг федерацийы равзаргӕ президент загъта бузныг Мамиашвилийӕн республикӕйӕн фӕсхӕсты рӕстӕджы бакӕнгӕ ӕххуысы тыххӕй.
"Уӕззау рӕстӕджыты ды лӕууыдтӕ нӕ фарсмӕ ӕмӕ ӕрмӕстдӕр дӕ фӕрцы республикӕйӕн ис олимпиаг чемпионтӕ ӕмӕ курдиатджын спортсментӕ. Не ′мгуыстад фӕахъаз уыдзӕн бирӕ фӕлтӕр тыхджын спортсментӕ бацӕттӕ кӕнынӕн", — загъта Тедеты Дзамболат.
Спорткомплекс "Олимп"-ы Федерацийы офисы цытджын ӕрбайгоммӕ ӕрбацыдысты УУХФ-йы вице-президент Фадзайты Арсен, олимпиаг чемпионтӕ Рӕмонты Сослан, Хуыгаты Алан ӕмӕ Бӕройты Хасан, Сочийы ирон националон культурон центр "Алания"-йы къухдариуӕггӕнӕг Мӕргъиты Анатолий, спортсментӕ Дагестанӕй.
Федерациты президентты йӕхимӕ райста паддзахады сӕргълӕууӕг Тыбылты Леонид. Уый банысан кодта, федерациты ӕмархайды пайда, кӕцы ратдзӕн фадат ӕрыгон фӕлтӕрӕн уӕгъдибар хъӕбысхӕсты бӕрзӕндтӕм хизын.
Бӕстӕйы разамонӕг банысан кодта, спорт Хуссар Ирыстоны кӕй рӕзы цырд темптӕй, уымӕн та ахъаз у "Ӕнцонвадат спорт"-ы концепци, цӕй фӕстиуӕгӕн столицӕйы алы къуымты фӕзындысты тренажерон залтӕ.
Тыбылты Леонид уазджыты схорзӕхджын кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзӕхтӕй.
Фембӕлды фӕстӕ спорты архайджытӕ ӕмӕ президент сӕ фӕндаг акодтой Цхинвалы тренажерон залы ӕрбайгомы церемонимӕ, кӕцы ссис фарастӕм объект концепци "Ӕнцонвадат спорт"-ы фӕлгӕтты.