ЦХИНВАЛ, 10 фев — Sputnik. Тыхджын митуард, кӕцы райдыдта Хуссар Ирыстоны, нӕ бандӕвта фӕндагон бастдзинадыл, загътой Sputnik РХИ УУМ-ы.
"Хуссар Ирыстоны, Цхинвалы митфӕлдзӕгъдӕн кӕны. Транскамы автомагистралыл та ис зӕгъӕн ӕмӕ дӕлдзырӕдтӕ нӕй, фӕндаг у гом", — загътой УУМ-ы радгӕсон хайады.
Ведомствӕйы информацимӕ гӕсгӕ, республикӕйы районтӕм дӕр фӕндӕгтӕ сты гом.
Хуылыдз мит райдыдта уарын Цхинвалы майрӕмбоны райсом раджы ӕмӕ нырма дӕр йӕ уарынӕй не ′рлӕууыд.
Транскамы магистраль, кӕцы цӕуы уӕлхохыл, у иунӕг иугӕнӕн фӕндаг Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ.
"Царды фæндаджы" тæссагдзинæдтæ
"Царды фæндаджы" тæссагдзинæдтæ