ЦХИНВАЛ, 10 фев — Sputnik. Сывæллæтты вокалон шоу "Ты супер!"-ы премьерæ, цы ран архайы Цхинвалы скъола-интернаты ахуырдзау Гæбæраты Арина, ацæудзæн сабаты 11 февралы 20:00 сахатыл телеканал НТВ-йыл. Уымæй дарддæр ма трансляцимæ бакæсæн уыдзæн портал Sputnik-ыл.
Онлайн-боныгтæ æмæ комкоммæ трансляциты фæрцы Sputnik-ыл уæ хъус дарут проектмæ.
Уæ уарзон хайадисæгæн баххуыс кæныны фадат ис æнæаргъ уæлæмхасæн "Ты супер!"-ы фæрцы.
Конкурс "Ты супер!" æххæст цæуы Уæрæсейы ахуырады æмæ зонады министрады æххуысæй. Музыкалон курдиӕттæ сты Хӕдбар паддзахӕдты цӕдис æмæ Балтийы 9 бæстæйæ, се ʻхсæн Сомихстон, Беларусь, Гуырдзыстон, Молдова, Казахстан, Кыргызстан æмæ Эстония. Проекты амонæг уыдзæн Вадим Такменёв.