Хуссар Иры милици æвзæрстыты тыххæй рахызт сæрмагонд режиммӕ

© Sputnik / Алексей КовалевМинистерство внутренних дел мвд
Министерство внутренних дел мвд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы барадхъахъхъæнæг органты раз æвæрд æрцыд хæс - президентон æвзæрстыты рæстæджы провокацитæ æмæ фæткхалды цаутæ ма руадзын.

ЦХИНВАЛ, 13 фев — Sputnik. Президентон æвзæрстытæм бацæттæ кæныны рæстæгмӕ Мидхъуыддӕгты министрады сæрмагонд сконд рахызт службæйы фæкарздæргод режиммæ, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны пресс-службæйы.

Президентон æвзæрстытӕ нысан æрцыдысты 9 апрельмæ, республикæйы сæргълæууæджы бынатмæ кандидаттæ цæттæ кæнынц æвзæрстагъоммæ кампанитæ.

Президенто Республики Южная Осетия Л.Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид кандидатты бафӕдзӕхста хицауад ӕмӕ оппонентты ӕфхӕрдӕй хи бахизын

"Барадхъахъхъæнæг органты раз сæвæрдтам дырыс хæстæ, цæмæй президентон æвзæрстытӕ бацæттæ кæныны рæстæджы ма ӕруадзой змæстытæ. Сæ хъус дардзысты, цæмæй республикæйы æнæзаконон архӕйдтытæ ма ӕрцæуа, провокацитæ иуварс цæудзысты. Иумӕйагæй сисгæйæ, уый у се ‘рвылбонон куыст, фæлæ архайдзысты фæтыхджындæргонд режимы", — загъта пресс-службæйы кусæг Чехойты Александр.

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь Гана Яновская загъта Sputnik, ацы фарстыл ма абон президентмӕ ӕмбырды кӕй дзырдта мидхъуыддӕгты министр Лӕууойты Ӕхсар. Уый банысан кодта, барадхъахъхъӕнӕн органтӕ ‘ххӕстбӕрцӕй цӕттӕ кӕй сты ӕвзӕрстагъоммӕ кампанийы рӕстӕджы сӕ разы ӕвӕрд хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ.

Амӕй размӕ ма президент Тыбылты Леонид дӕр Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты раз ӕрӕвӕрдта хӕс президентон ӕвзӕрстытӕм цӕттӕгӕнӕн мадзӕлтты ӕмӕ хъӕлӕсӕппӕрст уадзыны рӕстӕджы стабилондзинад ӕмӕ фӕтк бахъахъхъӕныны фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0