Валентины бæрæгбон ӕмӕ дыууӕ юбилейы Хуссар Ирыстоны

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæПразднование дня Святого Валентина в городах России
Празднование дня Святого Валентина в городах России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уаз Валентины бæрæгбон Хуссар Ирыстоны уӕрӕх нӕ нысан кæнынц. Хистæр кары адæм ацы æцæгæлон бæрæгбоныл кæнынц былысчъилтæ, тынг популярон нæу фæсивæдмæ дæр.

ЦХИНВАЛ, 14 фев — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны 14 февраль у æртывæр бæрæгбон — Уарзæтты бонæй уæрæхдæр нысан цæуы МСНК (ОМОН) бындурæвæрды бон. Афтӕ ма йӕ райгуырӕн бон нысан кӕны республикӕйы иууыл зындгонддæр адæмон артисткæ æмæ поэтессæ Галуанты Людмилӕ.

Ӕцӕгӕлон Валентины ӕви Азау æмæ Таймуразы бæрæгбон

Уаз Валентины бæрæгбон Хуссар Ирыстоны уӕрӕх нӕ нысан кæнынц. Хистæр кары адæм ацы æцæгæлон бæрæгбоныл кæнынц былысчъилтæ. Фæсивæдмæ дæр тынг популярон нæу, ӕрмӕст йæ уарзон адæймаджы уӕлдай барæвдауын кæй фӕфæнды, уымæн фæзыны уæлæмхас æфсон.

РХИ рӕстдинонтӕ нысан кӕнынц Сыгъдӕг Петр ӕмӕ  Февронияйы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ рӕстдинонтӕ нысан кӕнынц Сыгъдӕг Петр ӕмӕ Февронияйы бон

Уый бӕсты социалон хызæгты чидӕртӕ æнхъарынц ирон уарзæтты бон расидын ӕмӕ йӕ схонын "Азау æмæ Таймуразы бон" — ирон литературæйы уарзондзинады темӕйыл иууыл зындгонддæр таурæгъ, Гæдиаты Секъайы уацмыс "Азау"-ы хъайтарты номыл.

Классик ацы уацмыс ныффыста æцæг æрцæугæ цауы бындурыл. Уарзæттæн нæ бантыст сæ цард баиу кæнын, сӕ хъысмӕт уыд трагикон — Азау ссардта йæ мæлæт Таймуразы ингæныл. Сылгоймаджы дӕр бавӕрдтой йӕ уарзоны цур ӕмӕ сӕ ингæныл цы стыр сывылдзбæлас ‘сзадис, уый абон дæр дзыназы Ганисы уæлмæрды.

Ацы уарзæтты истори амондджынæй кæй нæ балхынцъ, уыцы хабар бирӕтӕм ӕвзӕрын кӕны ӕнӕразыдзинад бӕрӕгбон уыдон номӕй схонын. Цӕуыл ахицӕн уыдзӕн хъуыддаг — равдисдзӕн рӕстӕг.

"Уарзæгой" ОМОН-ы бæрæгбон

Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къордӕн бындур æвæрд æрцыд 25 азы размæ, Гуырдзыстоны радон агрессийы тæмæны. Йе сконды уыдысты цалдӕр ӕвзонг лӕппуйы. Уыдон мидӕггагон сабырдзинад хъахъхъӕнынӕй дарддӕр стыр хъӕбатырдзинад равдыстой ӕддагон знаджы ныхмӕ тохы дӕр.

Къорд цадӕггай йӕ рӕнхъытӕ ‘ххӕст кодта ӕмӕ абон у республикӕйы иууыл куыстхъомдæр структурæтӕй иу. Ныртӕккӕ ОМОН-ы скоды ис 300-йӕ фылдæр ӕфсӕддон

Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорд
Парад победы в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорд
Кæд фæстаг рæстæджы къорды кусджытæй бирæтæ сæ барты сæрты ахизынц æмæ сыл рабæрӕг вæййынц алыгъуызон хъаугъа цаутæ, уæддæр ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм æзты æмæ 2008 азы хæсты рæстæджы сæ хъӕбатыр архайдæй сæхицæн скодтой кады ном.

ОМОН-ы кусджытӕ фылдæр бæрцæй фæсивæд кæй сты ӕмӕ сӕ бӕрӕгбон Уарзӕтты бонимӕ кӕй ӕрхауы, уымæ гæсгæ йӕ хынджылæгæй хоныц "Уарзæгой ОМОН-ы бæрæгбон".

Галуанты Людмилайы юбилей

Хуссар Ирыстоны иууыл зындгонддæр актрисӕ ӕмӕ поэтессӕ Галуанты Людмила дӕр 14 февралы нысан кӕны йӕ райгуырӕн бон. Ацы аз ын у юбилейон — адӕмы уарзон актрисӕйыл сӕххӕст 80 азы.

© Официалон портал "МИА Южная Осетия сегодня"Галуанты Люда
Хуссар Ирыстоны адӕмон артисткӕ Галуанты Людӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Галуанты Люда

Галуанты Людайы Ирыстоны стӕм адӕймаг нӕ зоны, йе ‘мдзæвгæтæ кæд скъолайы нывæзты не ʻсты, уæддæр сæ зонынц стырæй-чысылæй. Лирикон æмæ хæсты цаутыл фыст рæнхъытæй скодтой зарджытæ. Уымæй дарддæр ма лӕгӕмсӕр сылгоймаг уыд ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм æзты сæрибардзинады оххыл змæлды рæнхъыты, уыд фыццаг æрстидты депутатты нымӕцы, кæцытæ расидтысты Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад. Уымæ гæсгæ Галуанты Людмила Графы чызджы райгуырæн бон ӕрвылаз дæр рахизы бинонты æмæ театры фӕлгӕттӕй ӕмӕ райсы республикон нысаниуӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0