Фӕбӕрӕг Хуссар Иры президенты бынатмӕ ноджы иу кандидат

© Sputnik / Михаил ХасиевЦИК Южная Осетия Цхинвал
ЦИК Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Джиоты Анатолийы инициативон къорд фехъусын кодта ЦӔК-ӕн ӕмбырд ауадзыны фӕнды тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 15 фев — Sputnik. Президенты бынатмӕ кандидат раразмӕ кӕныны радон инициативон къорд бацыдысты Централон ӕвзарӕн къамисмӕ, фехъусын кодтой Sputnik ЦӔК-ы.

Диктант - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ЦӔК-ы бамбарын кодтой кандидаттӕн ӕвзаджы экзамены уагӕвӕрд

"Президенты бынатмӕ кандидатӕй Джиоты Анатолийы раразмӕ кӕныны инициативон къорд ӕртыццӕджы фехъусын кодта ЦӔК-ӕн 21 февралы 12:00 сахатыл Профцӕдисты бӕстыхайы ӕмбырд ауадзыны фӕнды тыххӕй", — загътой Централон ӕвзарӕн къамисы.

Уым банысан кодтой, "ныридӕгӕн сӕм кандидаты тыххӕй уӕлӕмхас информаци нӕй".

Уый хыгъд, ныры онг рабӕрӕг сты президенты бынатмӕ 7 претенденты нӕмттӕ. Уыдон сты Тыбылты Леонид, Бибылты Анатолий, Кокойты Эдурад, Гаглойты Алан, Къозонты Алан ӕмӕ Багаты Амиран.

Сӕ фарсхӕцджытӕ ныридӕгӕн ӕмбырд кӕнынц къухфыстытӕ. Ноджы ма иу — Гулиты Владимир амӕй размӕ йӕ фӕндыл йӕ къух систа, Гаглойты Хохӕн та нӕ бантыст ӕрӕмбырд кӕнын инициативон къорды ӕмбырд ауадзынӕн фаг адӕймаг.

Ног хабӕртты лентӕ
0