Максим Горькийы "Равзæрст уацмыстæ" раивтой ирон æвзагмæ

© Sputnik / Плиты ФатимаЦхинвалы бакодтой сабийы чиныджы къуыри
Цхинвалы бакодтой сабийы чиныджы къуыри - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейаг классикы уацмыстæ "Макар Чудра", "Челкаш" "Песня о буревестнике", "Песня о соколе", "Васса Железнова" æмæ "На дне" ныр бакæсæн ис ирон æвзагыл.

ЦХИНВАЛ, 16 фев — Sputnik. Цæгат Ирыстоны уæлдæр ахуыргæнӕндæттæ ЦИПУ æмæ ЦИСГИ кусджытæ Тедтойты Зинаида æмæ Дзапарты Елизавета рауагътой Максима Горькийы "Равзæрст уацмыстæ", хъусын кæны ЦИПУ сайт.

Мобилон уæлæмхасæн Ирон чиныг - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Базон-базон" ӕмӕ "Ирон чиныг" апырх сты мобилон телефонты

Ирыстоны цæгаты ӕмӕ хуссары дæр стæмтæ фæрсынц литературæ сæ мадæлон æвзагыл. Проекты фæрцы сфæлдисджыты фæнды ирон æвзаг рапарахат кæнын.

"ЦИПУ-йы журналистикæйы кафедрæйы хистæр Тедтойты Зинаида ЦИСГИ хистæр зонадон кусæг Дзапарты Елизаветæимæ рауагътой ирон æвзагыл Максима Горькийы "Равзæрст уацмыстæ". Æмбырдгондмæ бацыдысты классикы уацмыстæ "Макар Чудра", "Челкаш" "Песня о буревестнике", "Песня о соколе", "Васса Железнова" æмæ "На дне", — дзырдæуы хъусинаджы.

Æрмæг ирон æвзагмæ раивтой зынгæ ирон æхсæнадон архайджытæ Дзанайты Иван(Нигер), Зæнджиаты Бабу æмæ Ардасенты Хазбатыр. Чиныг рацыд чысыл тиражæй, æмткæй 100 экземпляры, уыдон уæрст æрцæудзысты скъолаты чиныгдæттыл.

Тедтойты Зинаидайæн уый йæ фыццаг куыст нæу, амæй рамæ ма ирон æвзагмæ тæлмацæй мыхуыр æрцыдысты Михаил Лермонтов, Антон Чехов æмæ Лев Толстойы уацымыстæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0