Sputnik фӕзуатыл ацӕудзӕн Яна Амелинайы чиныджы презентаци

© FacebookЯна Амелина
Яна Амелина - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Sputnik Хуссар Ирыстоны фӕзуатыл уыдзӕн презентаци ӕрӕджы Яна Амелинайӕн мыхуыры цы чиныг рацыд "Не едина и неделима. Осетия после Беслана и "августовской войны", уымӕн.

2017 азы 21 февралы 12:00 сахатыл уагъд ӕрцӕудзӕн Яна Амелинайы чиныг "Не едина и неделима. Осетия после Беслана и "августовской войны"-йы презентаци.

Ацы чиныг у ууыл, цы аргъӕй бантыст Хуссар Ирыстонӕн ӕхсӕнадӕмон банымад райсын ӕмӕ цавӕр фӕстиуджытӕ уыдзӕн идейон мӕгуырдзинадӕн, кӕцы стых куыд Ирыстоны цӕгатыл, афтӕ хуссарыл дӕр.

Чиныг конд у дыууӕ хайӕ, кӕцытӕй алкӕцы дӕр дзуры Ирыстоны царды бӕлвырд замантыл. Автор дзуры, Тбилис йӕхи куыд цӕттӕ кодта РХИ-ы ныхмӕ хотыхджын агрессимӕ, 2008 азы августы хӕстон архӕйдтытыл, "августы хӕсты" ӕхсӕнадон-политикон ӕмӕ моралон-психологон фӕстиуджыты тыххӕй куыд республикӕйы цӕрджытӕ, афтӕ Уӕрӕсейӕн дӕр. Чиныджы хицӕн сӕргӕндтӕ нывонд сты Хуссар Ирыстоны фӕсхӕсты сӕндидзӕны проблемӕтӕн ӕмӕ уӕрӕсейаг паддзахады сконды ирон адӕмы баиуы хъӕппӕрисы реализацийы фарстӕн.

Ног чиныг ссис Яна Амелинайы ӕмбырдгонд "Куда приводят розовые мечты"-йы дарддӕрдзу, цы ран дзырд цыд Гуырдзыстоны ӕхсӕнадон-политикон уавӕрыл фӕстаг 15 азы мидӕг, кӕцы рацыд 2015 азы.

Чиныджы мидис ӕмӕ Михаил Черновы разныхас бакӕсӕн ис ам.

Мадзалы архайджытæ:

— Кавказаг-геополитикон клубы секретарь-координатор Яна Амелина.

Аккредитацийы контакттӕ:

— Пресс-секретарь Гӕджиты Аида

Тел: +7-929-809-73-04

E-mail: a.gagieva@sputniknews.com

Мадзал уагъд цӕудзӕн Sputnik Хуссар Ирыстоны мультимедион пресс-центры ахӕм адресыл: Мӕскуыйаг уынг, 5 (3 уӕладзыг).

Ног хабӕртты лентӕ
0