Депутаттӕ "мӕлӕты къордты" тыххӕй: барӕй кӕнынц сывӕллӕтты суициды онг

© Sputnik / Наталья АйриянПарламент Южная Осетия
Парламент Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ ӕрсидтысты сӕхгӕнын тӕссаг сайттӕ, кӕцытӕ пропагандӕ кӕнынц суицид ӕнахъомты ӕхсӕн.

ЦХИНВАЛ, 20 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент схуыдта ахъуыдыгонд ӕмӕ ранывӕзтгонд кампани, социалон хызӕгты ӕнахъомты сӕхиуыл сӕ къухтӕ сисын цы сайттӕ пропагандӕ кӕнынц, уыдон куыст. Уый тыххӕй дзырдӕуы депутатон корпусы хъусинаджы, кӕцы ныммыхуыр кодта газет "Южная Осетия".

"Уый у сывӕллӕтты суицидмӕ ӕркӕныны фӕдыл ахъуыдыгонд ӕмӕ ранывӕзтгонд кампанийы фӕстиуӕг. Нӕй руадзӕн, цӕмӕй уый парахат цӕуа афтӕ уӕрӕх ӕмӕ ӕнӕцӕлхдурӕй. Хъӕуы бакусын механизмтыл, кӕцытӕ ма руадзой ахӕм ӕмӕхсӕнадты фӕзынд", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Депутаттӕ ӕрсидтысты ӕмбӕлон службӕтӕм райдайын интернет-сайтты басгӕрст, кӕцытӕ пропагандӕ кӕнынц суицид ӕнахъомты ӕхсӕн ӕмӕ райсын мадзӕлттӕ тӕссаг сайттӕ сӕхгӕнынӕн.

Задержание сторонников ИГ в Дагестане. Оперативные кадры - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Мӕлӕты къордты" координаторты ӕрурӕдтой Цӕгат Ирыстоны

"Мах сидӕм ӕхсӕнадмӕ, ӕмбӕлон органтӕм, ныййарджытӕм, цӕмӕй уой къӕрцхъус рӕзгӕ фӕлтӕрмӕ, цӕмӕй йӕ бахизӕм тасхӕссӕг интернет-ӕмӕхсӕнадтӕй. Интернеты алцӕмӕн сӕхгӕнӕн нӕй. Сӕйраджыдӕр хъӕуы раст ӕмбарын ӕмӕ раст позици ӕрцахсын ацы тӕссаг тенденцимӕ не ‘хсӕнады. Ӕрмӕстдӕр иумӕйаг тыхтӕй мах скӕндзыстӕм ныхкъуырд ацы бӕллӕхӕн ӕмӕ бахъахъхъӕндзыстӕм нӕ сывӕллӕтты удтӕ", — дзырдӕуы парламентариты хъусинаджы.

Хуссаристойнаг ӕхсӕнад ӕвдисы катай алыгъуызон социалон хызӕгты афтӕ хуыйнӕг "суициды къордты" фӕдыл. Ӕнӕофициалон зонӕнтӕм гӕсгӕ, республикӕйы ныридӕгӕн уыд дыууӕ цауы, сывӕллӕттӕ сӕхи амарын куы бафӕлвӕрдтой.

Ноджы тынгдӕр тӕссаг тенденци апарахат Цӕгат Ирыстоны — фӕстаг дыууӕ азы цӕгатирыстойнаг ӕнахъомтӕй астӕй бафӕлвӕрдтой сӕхи амарын, уыдонӕй цыппар амард. 2016 азы ахӕм фӕлвӕрдтытӕ уыдысты ӕхсӕз, уыдонӕй иу дӕр кӕронмӕ ӕххӕст не ‘рцыд.

МХМ-ы кусджытӕ ӕрурӕдтой республикӕйы цыппар ӕмбӕстаджы, уыдонӕй дыууӕ ӕнахъомтӕ, кӕцытӕ ӕххӕст кодтой координаторты роль "мӕлӕты къордты".

Уымӕй дарддӕр ма басгӕрсты фӕлгӕтты полици сбӕлвырд кодта, иууыл бирӕнымӕцдӕр "мӕлӕты къорды" сконды кӕй ис Цӕгат Ирыстоны цӕрджытӕй 700-мӕ ӕввахс.

Ног хабӕртты лентӕ
0