Тыбылты Леонид ратӕфӕрфӕс кодта Виталий Чуркины амӕлӕты тыххӕй

© AP Photo / Seth WenigВиталий Чуркин
Виталий Чуркин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, 2008 азы августы Чуркин кӕй сарӕзта ӕппӕтдӕр, цӕмӕй ӕнӕхъӕн дуне базоны Хуссар Ирыстоны цауты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 21 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны адӕмӕй никуы ферох уыдзӕн Виталий Чуркины ном, дзырдӕуы президент Тыбылты Леониды мӕсӕллӕйы телы Уӕрӕсейы президент Владимир Путины адресыл.

Цветы у здания МИД РФ в связи с кончиной постпреда России при ООН В.Чуркина - Sputnik Хуссар Ирыстон
Йӕ цардӕй ахицӕн Уӕрӕсейы ӕххӕстбарджын ИНО-йы Виталий Чуркин

Зынгӕ уӕрӕсейаг дипломат йӕ цардӕй ахицӕн 20 февралы, йӕ куысты уӕлхъус, йӕ 65 азы юбилейӕ иу бон раздӕр. Виталий Чуркин дипломатон куыст кодта 1974 азӕй фӕстӕмӕ, 2006 азӕй уыд Уӕрӕсейы ӕххӕстбарджын минӕвар Иугонд нациты организацийы. Хорзӕхджын уыд Кады орден ӕмӕ IV къӕпхӕны орден "За заслуги перед Отечеством"- ӕй.

"Стыр хъыгимӕ Хуссар Иры сӕмбӕлдысты Уӕрӕсейы ӕххӕстбарджын минӕвар Иугонд нациты организацийы Виталий Чуркины амӕлӕты хабарыл. Хуссар Ирыстоны адӕмӕй никуы ферох уыдзӕн Виталий Чуркины ном, кӕцы нӕ адӕмӕн иууыл уӕззаудӕр рӕстӕг — 2008 азы августы сарӕзта ӕппӕтдӕр, цӕмӕй ӕнӕхъӕн дуне базоны Хуссар Ирыстоны цауты тыххӕй", — загъта Тыбылты Леонид.

Уый схуыдта Чуркины зынгӕ политик ӕмӕ ӕцӕг патриот, кӕцы ӕнувыд ӕмӕ рӕстагӕй лӕггад кодта йӕ Фыдыбӕстӕйӕн, удуӕлдайӕ йын хъахъхъӕдта йӕ интерестӕ ӕхсӕнадӕмон аренӕйыл.

"Республикӕ Хуссар Ирыстоны адӕмы ӕмӕ сӕрмагондӕй мӕхи номӕй кӕнын мӕсӕллӕй Дӕуӕн, Виталий Чуркины хиуӕттӕ ӕмӕ хӕстӕджытӕн йӕ фӕзианы фӕдыл", — банысан кодта Тыбылты Леонид.

Ног хабӕртты лентӕ
0