Тыхон структурӕтӕ техникӕимӕ райдыдтой антитеррористон ахуыртӕ Цӕгат Иры

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæУчения антитеррористических сил
Учения антитеррористических сил - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзӕуджыхъӕуы уагъд цӕуынц ахуыртӕ бирӕ адӕм цы ран сты тыгуыр, ахӕм бынӕтты теракт ма руадзыны фӕдыл, хайад сӕ исынц Цӕгат Иры ӔФС, МХМ, УУМ-ы тыхтӕ ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕ.

ЦХИНВАЛ, 21 фев — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны тыхон структурӕтӕ райдыдтой ахуыртӕ бирӕ адӕм цы ран сты тыгуыр, ахӕм бынӕтты теракт ма руадзыны фӕдыл, хъусын кӕны РЦИ — Аланийы оперативон штаб.

Изъятое оружие и боеприпасы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры ӕрцахстой полицийы кусӕджы хӕцӕнгарз уӕй кӕныны тыххӕй

Штабы зонӕнтӕм гӕсгӕ, антитеррористон ахуыртӕ уагъд цӕуынц Дзӕуджыхъӕуы Ирыстойнаг муниципалон зылды территорийыл, мадзалы архайынц республикӕйы ӔФС, МХМ, УУМ-ы тыхтӕ ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕ, афтӕ ма спайда кӕндзысты имитацион фӕрӕзтӕй.

Оперативон штаб сиды республикӕйы цӕрджытӕм, "цӕмӕй уой сабыр ӕмӕ ма ӕруадзой паникӕ цӕрджыты ӕхсӕн, афтӕ ма хъыгдарой барадхъахъхъӕнӕн органты сӕ куыст ӕххӕст кӕнын"

Ног хабӕртты лентӕ
0