ЦХИНВАЛ, 22 фев — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕ кусы республикӕйы бюджетмӕ 9 милуан сомы раздахыны фадӕттыл. Давджытӕн ныридӕгӕн рахаст ӕрцыд зылыны тӕрхонтӕ Уӕрӕсейы территорийыл, загъта журналисттӕн генпрокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕг.
Раздӕр уый фехъусын кодта, уӕрӕсейаг финансон ӕххуысы фӕрӕзты хуыснӕгдзинадмӕ хауӕг уголовон хъуыддӕгтӕ, кӕцытӕ ӕрцыдысты ӕхгӕд Уӕрӕсейы территорийыл, кӕй сног кӕндзысты хуссарирыстойнаг прокуратурӕйы инициативӕмӕ гӕсгӕ.
Уголовон хъуыддӕгты фигуранттӕ сты уӕрӕсейаг нардуатон арӕзтадон организациты минӕвӕрттӕ, афтӕ ма Хуссар Ирыстонӕй ацӕугӕтӕ, кӕцытӕн уыд комкоммӕ ахаст Хуссар Ирыстоны ныппырхгонд инфраструктурӕйы сӕндидзӕнмӕ.
"Куыд ма дзырдтон, афтӕмӕй Уӕрӕсейы территорийыл сног кодтой коррупцион хъуыддӕгты равзӕрст, уыдоны фӕстиуӕгӕн ис азымгондтӕ, бирӕтӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты агуырдмӕ. Фӕстаг рӕстӕджы уагъд цыдысты исад ссарыны фӕдыл мадзӕлттӕ, кӕцытӕн ис ӕрцахсӕн, ӕхцайы фӕрӕзтӕ, хыгъдтӕ банчы, ома архӕйдтытӕ, кӕцытӕ ахъаз уыдзысты зиан баххӕст кӕнынӕн", — загъта генпрокурор.
Йӕ ныхсӕтӕм гӕсгӕ, уагдонмӕ нӕй конкретон зонӕнтӕ уголовон хъуыддӕгты исад ӕрцахсыны фӕдыл, фӕлӕ уавӕр ис прокуратурӕйы иудадзыг контролы бын.
"Ис информаци, фигуранттӕй иуӕн рахаст кӕй ӕрцыд тӕрхон, ссардӕуыд исад 9 милуан сомы бӕрц, скъуыддзаг бацыд йӕ законон тыхы. Ныр кусӕм фарстыл, ацы фӕрӕзтӕ куыд раздахӕм Хуссар Ирыстоны бюджетмӕ. Хуыснӕгдзинад саразынмӕ цы аннӕ ӕмбӕстагмӕ ӕхсайы зӕрдӕ, уый та цӕттӕ у республикӕмӕ ӕрцӕуын ӕмӕ сӕххӕст кӕнын куыстытӕ бӕлвырд суммӕйыл. Равзӕрст цӕуы лӕмӕгъгомау, фӕлӕ фӕстиуджытӕ ис", — загъта Дзӕгъиаты Уырызмӕг.
Уый ма бафтыдта, УФ-йы территорийыл равзӕрстмӕ ӕрвыст уголовон хъуыддӕгты фӕдыл зианы бӕрц кӕй у 141 милуан сомӕй фылдӕр.
Генпрокурор нӕ раргом кодта уголовон хъуыддӕгты фигурантты конкретон нӕмттӕ.