Фыд Иаков: Стыр Комдарæны сæйраг хӕрд нӕу, фӕлӕ монон сыгъдæгдзинад

© Sputnik / Ада БагианКрещение
Крещение - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Стыр Комдарæны рӕстдинонтӕ 47 боны дæргъы сæхи хизынц фыдызгъæлæй æмæ урсаджы хæлцадæй, фӕлӕ чырыстонтӕн сӕйраг у фыдми, ӕвзӕр ныхас ӕмӕ хъуыдытӕй сӕхи аиппӕрд кӕнын, стӕй ма сӕ фырмонцтӕ басӕттын.

ЦХИНВАЛ, 27 фев — Sputnik, Плиты Фатимæ. Стыр Комдарæны рӕстӕджы рӕстдинонтӕн сӕйраг хӕрдӕй сӕхи бахизын нӕу, фӕлӕ монон сыгъдӕгдзинад — уыдон хъуамӕ тырной сӕхи аиппӕрд кӕнын фыдми, ӕвзӕр ныхас ӕмӕ хъуыдытӕй, загъта Sputnik Алайнаг епархийы динамонӕг фыд Иаков (Хетӕгкаты).

Крещение - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕбуалгъ тæрхоны мысæн къуыри рæстдинонты бацӕттӕ кӕндзӕн Стыр комдарӕнмӕ

Хуссар Ирыстоны, куыд ӕппӕт дунейы, рæстдинонтæ къуырисӕры бахызтысты Стыр Комдарæны. Чырыстон адӕм мархо дардзысты авд къуырийы дæргъы, уыдонæй иууыл карздæр сты фыццаг æмæ фæстаг. Динамонджытæ уынаффæ кæнынц цӕрджытӕн, се ‘нæниздзинад æмæ удыхъæд сын фадат куыд дæтты, афтæ æххæст кæнын Стыр Комдарæны фæтк.

"Комдарæны фыццаг къуыри у карздæртæй сæ иу. Марходарджытæ фыццаг цыппар карз боны æххæст кæнынц фæсмоны скуывдтæ. Майрæмбоны изæрæй марходарджытæ фыцынц дзæрна, сабаты уадзынц хъизæмаргæнæг Феодор Тироны номыл скуывдтытæ æмæ уым аргъауынц сырх æндахыл, кæцыйæ хуыйынц сырх дзуæрттæ сабиты хæдæттыл. Фыццаг къуыри балхынцъ вæййы Расткадон дины уӕлахизӕй хуыцаубоны", — радзырдта фыд Иаков.

Икона Серафима Саровского - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сӕдӕгай рӕстдинонтӕ Цхинвалы сӕхи бафӕдзӕхстой уаз Серафим Саровскийӕн

Марходарджытӕ, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъуамӕ цӕуой аргъуантӕм Хуыцаумӕскуывдтӕм, кӕсой райсом ӕмӕ изӕры куывдтытӕ, сӕхи хизой алыгъуызон хъӕлдзӕг бӕрӕгбӕттӕй ӕмӕ фынгтӕй, хъуамӕ уой хӕларзӕрдӕ, барон ӕмӕ ӕвӕлмонц. Динамонджытæ ма стыр тæригъæд хонынц Стыр Комдарæны рæстæгмæ къæйтты аргъуыд æрхæссын.

"Бинонтæ скæнын æмæ аргъуыд райсыны фæнд кæмæ ис, уыдон мархойы рæстæджы хъуамæ сæхи цæттæ кæной уыцы вазыгджын къахдзæфмæ, фæлæ сæ Комдарæнмæ æрхæссын у тобæгонд. Ивгъуыд рæстæджыты-иу Комдарæны аргъуыдтой ӕрмӕст сабитыл ӕмӕ рынчын адӕмыл, ацы фӕтк абон дӕр нӕ фӕивта ", — бафтыдта йæ ныхæстæм динамонæг.

Фыд Иаков ма банысан кодта, мархойы дыккаг, æртыккаг æмæ цыппæрæм къуыри кӕй сты мæрдты мысæн бонтæ.

Стыр Комдарæн 2017 азы фæуыдзæн 16 апрелы рӕстдины стырдӕр бӕрӕгбӕттӕй иу — Куадзæнæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0