ЦХИНВАЛ, 27 фев — Sputnik. Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй рацӕугӕ ӕмбӕстӕгты, кӕцытӕм зӕрдӕ ӕхсайы фӕлгъауынмӕ, ӕрцахстой Дзӕуджыхъӕуы — оперативон кусджыты зонӕнтӕм гӕсгӕ, ӕртӕ нӕлгоймаджы дыууӕ азы дӕргъы хӕцӕнгарзӕй ӕртхъирӕны руаджы истой бынӕттон цӕрджытӕн сӕ мыздтӕ ӕмӕ банчы картӕтӕ, фехъусын кодта МХМ-ы официалон минӕвар Ирина Волк.
"Ӕрцахст ӕрцыдысты, бынӕттон цӕрджытӕй егъау ӕхцайы суммӕтӕ чи иста, уыцы къорды ӕртӕ хайадисӕджы. Ноджы ма иу фыдгӕнӕг та лӕвӕрд ӕрцыд агуырдмӕ. Къорды сконды уыдысты Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй рацӕугӕ ӕмбӕстӕгтӕ. Дыууӕ азы дӕргъы уыдон кодтой фыдгӕнон архайд республикӕйы территорийыл. Фыдгӕнджыты архайдӕй бакӕнгӕ зианы бӕрц у 4 милуан сомы", — загъта Волк.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, оперативон кусджытӕ сбӕлвырд кодтой ахӕстӕтты хайадистӕй 14 фӕлгъауӕны. Афтӕ, азымгӕндтӕ архайдтой развӕлгъау бакуыстгонд схемӕмӕ гӕсгӕ: уыдон-иу базыдтой, ӕмбӕстӕгтӕн кӕд цӕудзӕн лӕвӕрд сӕ куыстмызд ӕмӕ иу хӕцӕнгарзӕй ӕртхъирӕнгӕнгӕйӕ байстой ӕхцатӕ ӕмӕ куыстмыздты банчы карточкӕтӕ.
Къорды хайадисджыты ӕрцахстой ӕхцатӕ исыны рӕстӕджы. Уымӕй дарддӕр ма фыдгӕнджытӕй иумӕ хисӕрмагонд басгӕрсты рӕстӕджы разынд синтетикон наркотик. Волк банысан кодта, къорды организатор раздӕр дӕр кӕй уыд аххосджын аналогон фыдракӕнды.
МХМ-ы официалон минӕвар ма куыд банысан кодта, афтӕмӕй, сбӕлырдгонд эпизодтӕм гӕсгӕ, баконд ӕрцыдысты уголовон хъуыддӕгтӕ фӕлгъауӕн, фӕлывддзинад ӕмӕ наркотиктӕ ӕнӕзакононӕй химӕ дарыны фӕдыл, къорды хайадисджытӕ ӕрцыдысты ахст. Ныртӕккӕ полицийы кусджытӕ бӕлвырд кӕнынц, фыдгӕнджытӕ ма аххосджын сты ӕви нӕ ӕндӕр фыдракӕндты Цӕгат-Кавказаг федералон зылды территорийыл.