Хуссар Ирыстон нывӕнды бацӕуын ЦКФЗ-ы туристон кластермӕ

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæРоссийский инвестиционный форум в Сочи. День первый
Российский инвестиционный форум в Сочи. День первый - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг хицауады сӕргълӕууӕг Хъуылымбегты Доменти нывӕнды ӕруынаффӕ кӕнын Хуссар Ирыстоны туристон фадӕттыл Уӕрӕсейаг инвестицион форумыл – 2017.

ЦХИНВАЛ, 27 фев — Sputnik. Уӕрӕсейаг инвестицион форумыл (УИФ- 2017) Хуссар Ирыстоны премьер-министр Хъуылымбегты Доменти банхъардзӕн республикӕ бахӕссын Цӕгат — Кавказаг федералон зылды туристон-рекреацион кластеры райрӕзты стратегимӕ, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны хицауады пресс-службӕ.

Туризм бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны бӕрзӕндтӕ ӕмӕ рӕсугъд къуымтӕ

Хъуылымбегты Доменти хайад исы Уӕрӕсейаг инвестицион форумы Сочийы, уӕрӕсейаг премьер-министр Дмитрий Медведевы фӕхуындмӕ гӕсгӕ.

"Республикӕйы егъау туристон фадӕттӕ хынцгӕйӕ, мах, фыццаджыдӕр, дзурдзыстӕм Хуссар Ирыстоны Цӕгат — Кавказаг федералон зылды туристон-рекреацион кластеры райрӕзты стратегимӕ бахӕссыныл", — хъусын кӕны Хъуылымбегты Доментийы ныхӕстӕ хицауады пресс-службӕ.

Премьеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, форумы дискуссион фӕзуӕтты уынаффӕты темӕтӕй ис спайда кӕнын Хуссар Ирыстоны инвестицион фадӕттӕ реализаци кӕныны рӕстӕджы.

УИФ — 2017 боны фӕткы сты регионалон инвестицион политикӕйы, бизнесы райрӕзты фарстытӕ.

"Хъуыддагджын форумтӕй эффективон пайдакӕнынад ахъаз уыдзӕн инвесторты ӕрбангом кӕнын экономикӕйы приоритетон къабӕзтӕм, уый та ратдзӕн фадат Хуссар Ирыстоны ерысхъомдзинад фӕбӕрзонддӕр кӕнынӕн, нымайы республикӕйы премьер", — бафтыдтой пресс-службӕйы.

Уӕрӕсейаг инвестицион форуммӕ ӕрбацыдысты цыппар минмӕ ӕввахс ӕххӕстгӕнӕн ӕмӕ закондӕттӕн хицауады минӕвӕрттӕ, афтӕ ма дзырддзæугæ амалиуӕггӕнджытӕ Уӕрӕсе ӕмӕ фӕсарӕнтӕй.

Сочийы форум адарддӕр уыдзӕн дыууӕ боны — 27 ӕмӕ 28 февралы.

Ног хабӕртты лентӕ
0