"Родник Осетии" фӕнд кӕны басӕттын уӕрӕсейаг базарад

© пресс-служба Посольства южной Осетии в РоссииНаливочный завод "Родник Осетии"
Наливочный завод Родник Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Проект реализаци кӕны компаниты къорд "Владимирский стандарт" ӕмӕ йын сӕххӕст кӕныны фадат фӕцис Хуссар Ирыстон ӕмӕ Владимиры областы ӕхсӕн ӕмгуыстады фӕдыл бадзырды руаджы.

ЦХИНВАЛ, 28 фев — Sputnik, Босыкты Наталья. Суаруадзӕн завод "Родник Осетии" нывӕнды "басӕттын" минералон доны уӕрӕсейаг ӕмӕ хуссарирыстойнаг базарадтӕ.

"Осетинская" маркӕйы бын продукци райдайдзысты уадзын ацы аз марты, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны минӕварады Уӕрӕсейы.
Дон исдзысты 9-ӕм цъассӕй "Бӕгъиаты" ратӕдзӕнӕй. Уырдыгӕй дон исы Бӕгъиаты суаруадзӕн завод йӕхӕдӕг дӕр.

© Sputnik / пресс-служба Посольства южной Осетии в России"Родник Осетии"-йы этикеткӕ
Наливочный завод Родник Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Родник Осетии"-йы этикеткӕ

 Паддзахадон куыстуаты генералон директор Тедеты Роланд Sputnik куыд загъта, афтӕмӕй цъассы ис фаг дон ӕмӕ ныры этапыл Бӕгъиаты суаруадзӕн завод фадат дӕтты "Родник Осетии"-йӕн цъассӕй пайда кӕнын барвӕндӕй, кӕд ӕмӕ дыууӕ куыстуаты ӕхсӕн нырма бадзырдтӕ бафыст нӕй, уӕддӕр.

"Уыцы цъассӕй дон исыны тыххӕй куыстуаты хъӕуы райсын официалон разыдзинад, ныридӕгӕн кусынц ууыл. Ныр та уал сӕ мах уадзӕм цъассӕй пайда кӕнын барвӕндӕй", — банысан кодта Тедеты Роланд.

Фыццаг хахх бон уаддзӕн 200 мин авджы 0, 5 литры бӕрцуатӕй.

Бæгъиатæ: арæзтад æмæ пайдакæнынад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бæгъиатæ: арæзтад æмæ пайдакæнынад

Ног завод фадат ратдзӕн саразын 20 куысты бынаты, сифтонг кӕндзӕн фиддонон ӕмӕ пенсион фӕрӕзтӕй республикӕйы бюджет.

Уымӕй дарддӕр ма ацы азмӕ нывӕзтгонд кондады уӕрӕх ассортимент фӕфылдӕр кӕныны руаджы ратдзӕн фадат куысты бынӕттӕ 50-мӕ скӕнын ӕмӕ бон 500 мин авджы онг уадзын.
Рауадзӕг нывӕнды минералон дон экспорт кӕнын Владимиры областмӕ, афтӕ ма сифтонг кӕнын хуссарирыстойнаг фӕлхасгӕнӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0