ЦХИНВАЛ, 2 мар — Sputnik. Паддзахадон куыстуат "Югосетнефтепродукт" баххӕст кӕндзӕн ӕртаджы продукци, радон парти Хуссар Ирыстонмӕ нывӕндынц ӕрласын цыппӕрӕмы, загъта Sputnik куыстуаты директор Тыджыты Владимир.
Машинӕты хицӕуттӕ дзурынц, фӕстаг ӕртӕ-цыппар боны паддзахадон ӕртаджы станцы кӕй уыд бензиныдефициты проблемӕ. "Югосетнефтепродукт"-ы директоры ныхӕстӕм гӕсгӕ та куыстуат ӕртаг нӕ ауагъта ӕрмӕстдӕр иу бон ӕмӕ абон проблемӕ скъуыддзаг ӕрцӕудзӕн.
"Проблемӕ скъуыддзаг ӕрцыд, ӕртагимӕ вагӕттӕ сты Хуссар Ирмӕ фӕндагыл ӕмӕ абон ӕрхӕццӕ уыдзысты республикӕмӕ. Ныр та уал ӕртаг уадзӕм талонтӕм гӕсгӕ", — загъта Тыджыты Владимир.
Бӕрӕг куыд у, афтӕмӕй "Югосетнефтепродукт" ӕлхӕны ӕртаг "Роснефть"-ӕй, кӕцы, дыууӕ куыстуӕтты ӕхсӕн бадзырдмӕ гӕсгӕ, ӕртаг уадзы ӕрмӕстдӕр ӕхца ӕххӕстӕй куы бацӕуа сӕ хыгъдмӕ, уӕд.
Директоры ныхӕстӕм гӕсгӕ, куыстуатӕн нӕ уыд фадат раздӕр сӕ ӕртаджы фӕсауӕрцтӕ баххӕст кӕнын, "дыууӕ мӕйы дӕргъы ӕнӕхъӕн республикӕйы финанскӕнынад кӕй нӕ уыд, уыд аххосӕй".