ЦХИНВАЛ, 3 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Афӕдзы размæ Къозонты стыр бинонтæн электронон рухсы цыбыр ныдзæвд сæ цард цӕхгӕр фӕивта — иу уысммӕ сӕ хӕдзар цъыбыртты сыгъд бацис. Хӕдзаримӕ фӕнык фестад сӕ 20 азы фыдæбон дӕр, 12 адæймаджы та уалдзӕджы къӕсӕрыл аззадысты уæзæджы къæйыл.
Зынгвæдисон командæ йæ цыппар хæдтулгæимæ уайтагъд сæ фарсмӕ бӕргӕ ӕрбалæууыд, фæлæ хъæдын хæдзар арты зынгæй байсæн нал уыд. Уый адыл уынджы хъӕбӕрыл баззадысты Къозонты Феликс ӕмӕ йе ʻмкъай Дзанайты Заира, се ʻртæ фырты æд бинонтæ ӕмӕ сывӕллӕттӕ.
Зынгсирвæзты фыдбылыз Къозонты бинонтæм рагæй у æмхиц. Ивгъуыд ӕнусы 90-æм æзты басыгъд сæ хæдзар Хъорнисы хъæуы. Уый фæстæ цардагур рацыдысты горæтмæ, æрбынат кодтой Хъайтарты уынджы æфсæддон къуымауы. Ӕмӕ та ныр дыккаг бӕллӕх.
"Хæдзар уыд нæзыхъæдтæй, артӕй йӕ нӕ бон нал бацис байсын. Зынгсирвӕзтӕй цъус раздæр ма йæ сцалцæг кодтам æмæ мæ фыдбылызæн балхæдтон ног хæдзарон мигæнæн дæр. Уыдон иууылдӕр басыгъдысты… Хуыцауӕн бузныг уæддæр, мæ бинонтæ сæрæгасæй кӕй аивæрзтысты", — дзуры хæдзары æфсин Заира.
Хæдзары хистæртæ Феликс æмæ Заира дыууæ дæр сты сахъхъат адæм — сылгоймаг нæ лæууы йæ иу къахыл, лæгыл та 2004 азы Ереды хъæды рахæст сты гуырдзиæгтæ æмæ йæ фыр надæй марды ʻфсон ныууагътой. Уæдæй фæстæмæ уый нал сæрæн кæны, кусын дӕр уадиссаг йӕ бон нал у. Бинонтæ сты пенсийы ʻвджид.
"Дыууæйæ иумæ пенси исæм 23 мин сомы. Ацы фæрæзтæй цæрæм, стæй ма дзы æххуыс кæнæм сывæллæттæн дӕр. Æртæ фыртæн дæр ис бинонтæ æмæ чысыл сабитæ, кусгӕ та сӕ кӕны æрмæстдӕр иу, фæндагон службæтæм шофырæй, аннæ рацыд æфсæддон службæ æмæ архайы ӕнӕведомствæйон хъахъхъæнджыты службæмæ кусынмæ бацæуын, æртыккаг у æгуыст. Уыдон сабиты дӕр арӕвдауӕм нӕ пенсийӕ", — дзуры сылго
Бинонтæ сӕхи тыхтӕй ног хæдзар самайынæн не ʻсты ӕмӕ сыл цымы бын бадæг арсы æмбисонд æркодта — хицауадæй ног хæдзармæ æнхъæлмæ кæсгæйæ сæ аз арвыстой мӕнгагъуысты. Чысыл зæххын хатӕн, зыхъхъыртæ къултæ æмæ айдагъ шиферæй ӕмбӕрзт цар, дымгæ дзы сӕрибарӕй зилахар кæны.
"Мæ бинонтӕ ныппырхытӕ сты. Чындзытæ боныгон ӕрбацæуынц, фæлæ æхсæвиуат кæнынмæ ацæуынц сæ цæгæттæм. Сугæй пецы хъарм хæдзары нæ лæууы. Ахæм уавæрты сабитæн фæцæрны бынат дæр æмæ фадат дæр нæй. Ӕхсæв арт куы ныннымæг вæййы, уæд ам, уынгы куыд уай, афтæ суазал вæййы", — катай кӕны Феликс.
Фӕлӕ Къозонтӕ Хуыцауы ӕмӕ зӕрдӕхӕлар адӕмы фӕрцы æнæхъустард не ʻсты.
"Цыдæриддæр нæм мигæнæн ис, уыдон нын æрбахастой сыхæгтæ. Афтӕ ма нӕ ӕппӕт æнӕмӕнгхъӕуӕг дзаумайӕ сифтонг кодта Сырх дзуары комитет дӕр. Хицауад нын баххуыс кодта æхцайæ, горæты администраци скъахта хæдзары бындуры бынат æмæ рбаласта бындурон бетонтæ, фæлæ арæзтад ууыл банцад. Ӕнæ ‘ххуысæй махæн та хæдзар самайын нæ бон нæу", — бафтыдта бинонты хистӕр.
Горæты администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Пухаты Дмитрий радзырдта Sputnik, Къозонтӕн кæй фӕкастысты хæдзары арæзтады хъуыддаджы æмæ сын дарддæр дæр кӕй æххуыс кæндзысты.
"Цыдæриддæр хъæуа æххуыс арæзтадон æрмæг æмæ техникæйæ, уымæй сын æххуыс кæндзæн мэрия дарддæр дæр, фæлæ сæрмагондæй хæдзар самайæм, уыцы фæрæзтæ горæты администрацийы бюджетыл нæй", — загъта горæты хицауы хæдивæг.
Уый ма радзырдта, ацы бинонтæ кæй лæууынц хæдзармæ дæр рады æмæ сын, æвæццæгæн, ног арæзтцӕуӕг микрорайонтæй искæцæцыйы уыдзæн хай.