Хуссарирыстойнаг сылгоймæгтæн сӕ бӕрӕгбонмӕ раарфæ кæндзæн Катя Лель

© FacebookЭстрадон зарæггæнæг Катя Лель
Эстрадон зарæггæнæг Катя Лель - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бæрæгбоны цытæн 8 марты Цхинвалы ПККЗ "Чермен"-ы сценæйыл айзæлдзысты зындгонд зарæггæнæджы хиттæ æмæ ног зарджытæ.

ЦХИНВАЛ, 7 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг сылгоймæгтæн 8-æм марты бæрæгбоны фæдыл раарфæ кæндзæн зынгæ уæрæсейаг эстрадон зарæггæнæг Катя Лель, фехъусын кодтой Sputnik культурæйы министрады пресс-службӕйы.

Цхинвайлаг чызджыты 8 мартмӕ хъӕуы тавиц, нӕлгоймӕгтӕ та сын ӕлхӕнынц парфюм - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг чызджыты 8 мартмӕ хъӕуы тавиц, нӕлгоймӕгтӕ та сын ӕлхӕнынц парфюм

Катя Лель Цхинвалмæ æрцæудзæн дыккаг хатт. Уый ма ардӕм фӕуазӕг 2009 азы ноябры ӕмӕ радта концерт хицауады рабадтыты стыр залы.

"Сылгоймæгты ӕхсæнадæмон боны цытæн 8 марты киноконцертон зал "Чермен"-ы сценæйыл айзæлдзысты зындгонд зарæггæнæджы хиттæ æмæ ног зарджытæ дæр", — банысан кодта министрады пресс-секретарь Остъаты Мӕдинӕ.

Уæрæсейаг эстрадон зарæггæнæг Катя Лельӕн йæ ном айхъуыст 2003 азы, уæд фæзындысты йæ хъуыстгонд хиттæ "Мой мармеладный", "Долетай", "Муси-Пуси". Иу азы фæстæ уый бацис Уæрæсейы националон премитӕ "Золотой граммофон"-ы æмæ "Стопудовый хит"-ы хицау. Зарæггæнæг ма цалдæр хатт ссис премитæ "Серебряный диск", "Лучший дуэт года", "Песня года" æмæ "Бомба года"- йы лауреат дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0