Оркестр "Айзæлд" фыццаг хатт ратдзæн концерт Дзæуджыхъæуы

© Архивное фотоХор и оркестр народных инструментов Аизалд
Хор и оркестр народных инструментов Аизалд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Концерты адæмон инструментты оркестр сæххæст кæндзæн 22 номыры, се ʻхсæн ирон, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг мелодитæ.

ЦХИНВАЛ, 9 мар — Sputnik. Хуссарирыстойнаг адæмон инструментты оркестр "Айзæлд" фыццаг хатт ратдзæн концерт Дзæуджыхъæуы, фехъусын кодта Sputnik оркестры дирижер æмæ аивадон къухдариуæггæнæг Уалыты Нина.

Адӕмон инструменты  хор ӕмӕ оркестр Айзӕлд - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Айзӕлд" зонгӕ кӕны фӕсивӕды националон инструментты аив цагъдимӕ

"Айзæлд" фыццаг хатт ратдзæн концерт республикæйы æддейæ. Дзæуджыхъæуы паддзахадон филармонийы сценæйæ 14 марты айзæлдзысты ирон, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг композиторты уацмыстæ. Музыкæйæн табугæнджытæ байхъусдзысты "Хонгæ", "Симд", "Мæ хуры хай", "Чызгайæн" æмæ æндæр зарджытæ æмæ мелодитæм, æмткæй 22 номырмӕ", — радзырдта Уалыты Нина.

Мадзалы хайад райсдзысты Цæгат Ирыстоны адæмон артист Тайсауты Олег, Хуссар Ирыстоны адæмон артист Ӕлборты Инал, Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисттæ: Хаситы Сослан, Куыдзеты Агуындæ, Хъотайты Агуындæ, стæй ма Дыгъуызты Марина, Сланты Ацæмæз æмæ Коцты Линда.

Горæт Цхинвалы администрацийы дӕлбар адæмон инструментты оркестр "Айзæлд" Дзæуджыхъæуы концерт дæтты "МЕДИА АРТ продакшн" æмæ РЦИ-А паддзахадон филармонийы хъæппæрисæй, Цхинвалы мэрияйы финансон æххуысæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0